Илья Дыккаг – Гуырдзыстоны аудын сабырад бахъахъхъæнынæн æхсызгон у, кæцы фидæны дæр хъуамæ адарддæр уа
Æхсæнадæмон тыгъдады дæр æмæ конкретон регионты дæр тынг уæззау уавæр ис, ацы фоныл Гуырдзыстоны архайд сабырад бахъахъхъæнынæн у æхсызгон, кæцы фидæны дæр хъуамæ дарддæр уа – Синоды рабадты уынаффæмæ гæсгæйæ, уый фæдыл Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Синоды зноны рабадтыл райхъусын кодта.
«Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх цыбырæй радзырдта дунейы æмæ Гуырдзыстоны уавæры фæдыл: банысан кодта, цæмæй æхсæнадæмон тыгъдады дæр æмæ конкретон регионты дæр уавæр у тынг уæззау æмæ тæссаг æмæ ма ацы фоныл Гуырдзыстоны архайд сабырад бахъахъхъæна тынг æхсызгон у, кæцы фидæны дæр хъуамæ адарддæр уа», – банысангонд у уынаффæйы.
Уыимæ ацы фарстайыл Синоды рабадтыл фæныхас кодта митрополит Шио Муджири дæр.
«Сыгъдæг Синоды иумæйаг позици афтæ сырæзт: Украианйы Уæрæсейы хæстон архæйдтыты райдаыны фыццаг бонтæй Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх ахæлиу кодта сидт конфликт æнæаргъæвгæйæ аскуыныны фæдыл, кæцы æндæр цауы бирæ уæззаудæр фæстиуæг æрхастаит.
Абон та, æввахс скæсæны айтынггонд фæзындтæ фылдæр масштабон равг исынц, бæрæг у, цæмæй арызт цæуы глобалон рæмыгъдтæссаг уавæр, кæцы æппæт дунейы стыр тасы раз лæууын кæны.
Украина æмæ Газæйы секторы цæугæ хæстыты фæстиуæгæн ныридæгæ стыр у амæттагы нымæц. Æфсæддимæ иумæ съкуыйинц æнаххос адæймæгтæ, сывæллæттæ æмæ карджынтæ, куынгæ кæны инфрструктурæ, цæрæндæттæ, религион кæнæ æндæр нысаниуæгы бæстыхæйттæ; æмтгæй зæгъгæйæ фæбæрæг ис динмæ гæсгæ тыхмидзинады факттæ дæр.
Æвдисæм арв хъыгдзинад æмæ æмæнкъард хæсты фæстиуæгæн зианбавзарджытæн. Террор, æнæхатырдзинад, æнæрастдзинад. Бафауинаг сты æмæ уыдæттæн æххуыс кæнæ цырын кæнын – цивилизацигонд дунейæн нæрайсгæ у.
Иу кæнæм алы хæларзæрдæ адæймагы куывдмæ æмæ Хуыцауæй курæг стæм, сабырдзинад æрхæссæд Украинайæн, Сыгъдæг Зæххæн æмæ æппæт дунейæн», – банысангонд у уынаффæйы.
Патриархий Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны сыгъдæг Синоды рабадты уынаффæ публикаци абон скодта.