Илья Дыккаг – Фæсарæнтæм ацæуынц æмæ уым асджынтæм зилынц, уый æвзæр нæу, фæлæ  уырдæм цыды  бæсты,  ам хъуамæ æркæсиггат фыдыбæстæмæ, уæ  зæххмæ
Илья Дыккаг – Фæсарæнтæм ацæуынц æмæ уым асджынтæм зилынц, уый æвзæр нæу, фæлæ уырдæм цыды бæсты, ам хъуамæ æркæсиггат фыдыбæстæмæ, уæ зæххмæ

Фæнды мæ  бакой уын кæнон, исты  куы  аразут,  куы  кусут,   уæ куырдиат куы  сыххæст вæййы,  уæд уæрох ма кæнæнт   бузныг  зæгъын, уымæн æмæ уын  фидæны  дæр уыдзæн  фæндтæ, æмæ та  ноджы хъуамæ æрыздæхат  æмæ  бузныг зæгъат Хуцауæн – уый  фæдыл    Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг   Самебайы   кафедралон аргъуаны   дынамынды рæстæжэы  райхъусын кодта.

Илья Дыккаг хъæутæ  фæтыхджындæр кæныныл фæныхас  кодта æмæ   аргъуанархайджытæй  æркуырдта,  бауой  дæнцæй, хъæууон хæдзарады   райтынг кæныны хъуыддаджы.

«Фæнды мæ ракувон  ацы  аргъуанархайджытæн  æмæ  ацы   хицауадæн,  цæмæй   хъæуты архайæг сауджынтæ  уой  дæнцон, хъæууон хæдзарады.   Хосæрдæн уыд, æмæ нын  уыд хосдæттæ, фæлæ  абон,  нæ  уавæртæ  куы  фæхуыздæр сты, уæд  хос  ничиуал кæрды.  Фæнды  мæ нæ аргъуанархайджытæм баздæхын,  цææмй  дæнц  раттой  хъæуты  цæрджытæн,  бакусой   сæ  зæххы  фадгуытæ  æмæ уымæй  фæтыхджындæр кæной  хъæутæ.   Нæ  адæмы  ирвæзынгæнæг  сты  нæ хъæутæ.   Хуыцауæн кад æмæ  бузныг   ахæм хорзæхы  тыххæй.

Ноджы  уын иу  хатт   бакой  кæндзынæн,  цæмæй  хъæууон хæдзарадмæ æркæсут.   Аргъуанархайджытæ, зæххы  куыстæй  дарддæр, хъуамæ дарат фос, хъомвос, фысвос, мæргъ æмæ  æндæр.  Уый тынг ахъаззаг уыдзæн нæ хъæутæн æмæ баххуыс  уыдзæн нæ  горæттæн.   Ныфс мæ ис,  цæмæй  Æппæт Гуырдзыстон  скусдзæн,  æппæт Гуырдзыстон райсдзæн  ацы  æнхъарæн» –  райхъусын кодта Патриарх.

Афтæма  Илья Дыккагы  фидиуæнæй,   фæсарæнтæм ацыд, асджын адæммæ  зилын  æвзæр нæу,  фæлæ   дзуры, цæмæйс  фæсарæнтæм  ацæуынæй, цæй нæ фæлтау  «уæ  фыдыбæстæ æмæ  уæхи зæххмæ  æркæсат» хуыздæр уайид.

«Фæсарæнтæм цæуынц æмæ уым зилынц асджынтæм,  уый  æвзæр нæу, фæлæ   уырдæм  цæуыны  бæсты,  ам æркæсут  уæ  бæстæмæ, уæ  зæххмæ.  Нæ зæххытæ  сафæм, æрцæуынц  фæсарæйнæгтæ, æлхæнынц  зæххытæ æмæ  дзы  æрцæрынц.  Хуыцау  зæгæът æмæ ацы  уавæр рараст уа.  Æнæхъæн Гуырдзыстоны  ахæлиу кæнут  ацы  фæндтæ æмæ   фервæзын кæнæм   Гуырдзыстон» – райхъусын кодта  Илья Дыккаг.