Илья Дыккаг – æцæг у æнæ Хуыцауы фæндæй ницы æрцæуы, фæлæ нæ адæймаджы царды æдасдзинадыл фылдæр сагъæс кæнын хъæуы
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг Тъхъибулы трагедимæ гæсæ, мæсæллæйы фыстæг хæлиу кæны.
Мæсæллæйы фыстæг публикацигонд æрцыд Гуырдзыстоны патриархийы веб-фарсыл.
«Стыр у нæ зæрдæрыст Тъхъибулы шахтæйы трагедийы тыххæй, кæцыйы амæттаг фесты æхсæз адæймаг. Æцæг у, æнæ Хуыцауы фæндæй ницы æрцæуы, фæлæ вæццæгæн нæ фылдæр быхсын хъæуы адæймаджы цард баиргъæвынæн.
Тъхъибулы Минделийы номыл шахæтйы æрцæугæ æнамонд цауы амæттаг фесты æхсæз адæймаг, зиæнттæ райстой ноджы æртæйæ.
МХМ-ы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæдагуырды фыццагон информацийæ, шахтæйы иуæй-иу тунелы сырæзт къулты деформаци, кæцыйы фæстиуæгæн æркалдис цар. Факты фæдыл хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы дыккаг хайæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары хæххон, арæзтадон кæнæ æндæр куыстыты рæстæджы æдасдзинады фæткæвæрд саст.
Тъхъибулы æрцæугæ æнамонд цауы тыххæй, Гуырдзыстоны абон расидтæуыд фыдохы бон.