Илиа Дарчиашвили - НАТО-мæ Гуырдзыстоны интеграцийы процесс дарддæр кæны, НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы фæлгæтты фæуынаффæ кæндзыстæм фидæнон иумæйаг авктивондзинæдтыл
НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы фæлгæтты фæуынаффæ кæндзыстæм цæугæ бонвæткы æмæ уыцы активондзинæдты фæдыл кæцытæ нын фидæны уыдзæн иумæйаг – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили райхъусын кодта.
Дарчиашвилийы дзырдæй, НАТО-йы Гуырдзыстоны интеграцийы процесс дарддæр кæны.
«Уый у традицион, æрвылазон НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстады формат, кæцыйыл алы азы дæргъы нæ фидæны æмгуыстады плантыл уынаффæ кæнæм. Раззаг азы Мадриды саммит уыд иттæг нысаниуæгджын, размæ арызт къахдзæф, кæцыйы Гуырдзыстон райста альянсæй, НАТО-йы уæнг бæстæтæй. Уый Гуырдзыстоны НАТО-ы уæнг суæвынæн ратта ног, нысаниуæгджын фарсдарыны импульс. НАТО-йы Гуырдызстоны интеграцийы процесс дарддæр кæны. Ратсдæр НАТО-Гуырдызстоны комиссийы фæлгæтты фæуынаффæ кæндзыстæм бонвæткы æмæ уыцы активондзинæдтыл, кæцытæ нын иумæйаг уыдзæн фидæны» – загхта Дарчиашвили.