Илиа Дарчиашвили фыстæг æрвиты Энтони Блинкенмæ
Илиа Дарчиашвили фыстæг æрвиты Энтони Блинкенмæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкенмæ  фыстæг æрвиты.

«Гуырдзиаг адæмы  æмæ Гуырдзыстоны  хицауады номæй уын  бæлвырдæй  æвдисын нæ арф  цыт  æмæ  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  стратегион партнерадæн иузæрдыгдзинад. Куыд базыдтам афтæмæй, АИШ-ы  паддзахадон департамент  рахаста уынаффæ   хæдбар гуырдзиаг тæрхонон системæйы архайæг æртæ   æмæ иу  раздæры  тæрхонгæнæджы санкцион номхыгъдмæ бахæссыны фæдыл.

Фыццаджы дæр мæ фæнды  бакой уын кæнон,  уыцы  иттæг уæззау  бындар  кæцы «Гуырдзиаг Бæллицмæ»  рахызт   тæрхонон системæйы 2012 азы,  хицауадмæ куы æрцыд  уæд.  Реалондзинад  уыдис  тынг уæззау: тæрхондон  фестад прокуратурæйы дæлхайадæй  æмæ авторитарон  режимы  репрессивон  машинæйы иуæй-иу   цæг уыд, 99 процентæй  бæрзонддæр уыд   зылынгæнæг   тæрхоныскуыдты  бæрæггæнæн,  тæрхонмæ лæвæрд уыд  300  мин æмбæстаг,  элитон коррупци  уыдис  куыд тæрхондоны,  афтæ æндæр сферæты дæр, хицауад  системон фыдракæндтæ кодта. Æнæрæстагдзинад æмæ  репрессивон  тæрхонон системæйы  уавæрты 25 минмæ ахæццæ ис   ахæстты  нымæц  ахæстæтты, цы ран     æрфидар ис  ахæстты  хъизæмары æмæ æнæдаймæйгон  ахасты системон   практикæ. Уый фæстиуæгæн, прецедент цæмæн нæй  афтæ бæрзонд уыд ахæстты  мæлынады бæрæггæнæн.

Хицауадмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æрбацыды фæстæ ахæстæтты, æрцахстуæвджыты нымæц  – 2,5 хатты  фæкъддæри,  мæлынады  бæрæггæнæн та  дæс хатты фæкъаддæри. Уымæй  уæлдай ма,  хицауадмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» æрбацыды  фæстæ  æртæ  хатт фæкаддæри  тæрхондонæй  рагагъоммæ ахсты  фæдыл уынаффæты  бæрæггæнæн, æртæ  хатты фæкаддæри  администрацион ахсты  уынафæты  бæрæггæнæн,  фердæг ис фæдагурæн мадзæлтты  куырдиæттимæ разыдзинады   бæрæггæнæн,  дыууын хатты фæкъаддæр ис    цъындыйы  фæдыл уынаффæты бæрæггæнæн,  фондз хатт  фæъкаддæри иварты бæрæггæнæн æмæ  а.д.

Раззаг хицауады   æмæ йæ  тæрхонон системæйы уавæрты гуырдзиаг адæмæн  Гуырдзыстоны  рæстдзинад  ссарын фадат нал уыд æмæ тыхыбын уыдысты, адæймаджы  барты Европаг тæрхондонмæ   хъаст кæнын.  2004-2012  азты  Страсбургы   тæрхондонмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты 5 416  хъаст бацыд.   Абарынæн  2013-2022  азты  ацы бæрæггæнæн уыд  1132.   2009-2012  азты Европаг   тæрхондон уынаффæ кодта Гуырдзыстоны  ныхмæ бавдыст  4000-ы онг  хъаст. 2023 азы бæрæггæнæнтæй, Страсбургы тæрхондоны кастæуы  Гуырзыстоны ныхмæ  бавдыст  147 хъасты, кæцы  Ервопæйы  Советы  уæнгдзинады дæргъы  Гуырдзыстоны сегасдæр хуыздæр бæрæггæнæн у.

Банысан кæнын  хъæуы уый  æмæ  раздæры хицауады  периоды тæрхонон  фыдгæнæгон системæйы  сæйраг   сфæлдисджытæ æмæ архитектортæ – МихеиЛ Саакашвили  æмæ Зураб Адеишвили нæ уыдысты  санкциргонд  иунæг бæстæйы  æрдгæй дæр, уый æддæмæ  ма  хъыгагæн, уыдон  æнагайгæдзинады  конкретон гарантитæй  пайда кодтой кæнæ абон дæр пайда кæнынц.

Хицауад æнæиу хатт баздæхт   Гуырдзыстоны  архайæг тæрхонон системæйы  критиктæм  сидтæй бавдыстаиккой  конкретон  тæрхонон хъуыддæгтæ, кæцытæ  сæ  хъуыдымæ гæсгæ,  æнæраст аскуыддзаг сты. Фæлæ  критиктæ  абоны онг иунæг  ахæм хъуыддаг дæр нæ бавдыстой.

Гуырдзиаг  тæрхондон, цæрджыты æмæ  æхсæнадæмон  иртасæнты  нымад цæуы, куыд иуæй-иу сегасдæр   раздзог.  «IPSOS FRANCE»-ы иртасæнмæ  ( тæрхонон реформæйы  аргълæвæрд Гуырдзыстоны)  гæсгæ, Гуырдзыстоны  цæрджыты  55%  хъуыды кæны, цæмæй   тæрхондон у рæстаг, 52%  хъуыды кæнынц цæмæй тæрхондон у  æууæнкаг æмæ 51%-ы  хъуыдымæ гæсгæ,  тæрхондон у  хæдбар.  Хицауады  дæсазон куысты æмæ уагъд реформæты  фæстиуæгæн, Гуырдзыстон æхсæнадæмон  рейтингты   раздзог бынæттæ  ахсы.

Иурæстæгонæй  дарддæр кæны  тæрхононреформæйыл кусын Венецийы Комиссиимæ иумæ уый тыххæй,  цæмæй  тæрхондоны хæдбарад  æмæ æргомдзинад ноджы  фылдæр стынг уа æмæ  закъондæттынад  ноджы   хуыздæр суа.

Уый тыххæй  дæр, ацы реалондзинадмæ  гæсгæйæ,   бынтон зынæмдарæн  æмæ нæрайсгæ у  АИШ-ы  паддзахадон  департаменты уынаффæ, тæрхонгæнджытæн санкцитæ сфидар кæныны фæдыл, кæцы  алыгъуызон  бæлвырдгæнæнтæй  цух   уыд публикацигонд.  Ныфс дарæм, цæмæй паддзахадон департамент   бавдисдзæн æмбæлгæ  бæлвырдгæнæнтæ  кæнæ  ногæй æркæсдзæн  йæ  уынаффæ.  Науæд та, Гуырдзыстоны паддзахады æмæ  гуырдзиаг адæмы æрдгæй фæнысангонд архайд нымад цæудзæн, куыд  суверенон  паддзахады  хæдбар тæрхонон системæйыл æлхъывд , кæцы  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  дыууæ фарсон бирæазон   хæларон ахастытæн  разнаггад кæндзæн», – дзырдæуы  Энтони Блинкенмæ æрвыст Илиа Дарчиашвилийы  фыстæджы, кæцыйы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад публикаци кæны.