Илиа Дарчиашвили – Будапешты уагъд панел-дискуссийыл премьер-министр фæныхас кодта нæ бæстæйы арæзт экономикон фадæттыл, бахахх кодта сабырады нысаниуæгдзинад экономикæйы размæцыды
Илиа Дарчиашвили – Будапешты уагъд панел-дискуссийыл премьер-министр фæныхас кодта нæ бæстæйы арæзт экономикон фадæттыл, бахахх кодта сабырады нысаниуæгдзинад экономикæйы размæцыды

Премьер фæныхас кодта нæ бæстæйы арæзт экономикон фадæттыл, уыцы экономикон размæцыд æмæ фæстиуджытыл, кæцытæ Гуырдзыстонæн ныридæгæн ис – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр, Дарчиашвили Илья Будапешты расидтис.

Хицауады сæрдар экономикон æдасдзинад æмæ бастдзинады фæдыл кусæгон фембæлдыл иста хайад.

Илиа Дарчиашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Ираклий Къобахидзе йæ ралæуды рæстæджы бахахх кодта сабырад æмæ стабилондзинады сæрмагонд нысаниуæг.

«Нæ бæстæйы сæрмагонд роль уый мидæг ис, цæмæй мах хъуамæ æххæст кæнæм нæ æрдзон функци æмæ баиу кæнæм Скæсæн Ныгуылæнимæ æмæ иннæрдæм. Премьер фæныхас кодта уыцы экономикон фадæттыл, кæцытæ аразы нæ бæстæ, уыцы экономикон размæцыд æмæ фæстиуджытæ, кæцытæ Гуырдзыстонæн ныридæгæн ис æмæ потенциал, кæцы нæ бæстæ аразы æндæр æмæ æндæр сæрибар базарады бадзырдты фæрцы, кæцытæ ахъаз кæнынц экономикон размæцыдæн. Премьер бæлвырдæй бахахх кодта сабырад æмæ стабилондзинады сæрмагонд нысаниуæг, уæлдайдæр та экономикон размæцыды, прогрессы æмæ прогрессыл куы ныхас кæнæм, уæд. Махæрдыгæй акцент сырæзт ацы æмкуыстдзинад фæарфдæр кæныныл, æмкуыст кæнын алы уыцы интересджын фарсытимæ, кæцытæн сæ бон у сæрмагонд хайбавæрд бахæссой ацы процессмæ», -расидтис Дарчиашвили Илья.

Венгрийы сæйраг сахар Будапешты уагъд цæуы Европолитикон Цæдисы саммит. Саммиты хайад исынц 40 паддзахады лидертæ, се æхсæн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе.