Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Драчиашвилийы æмæ Гуырдзыстоны Канадæйы нысангонд минæвары (резиденцийæ, г. Анкара) Кевин Гамильтоны æхсæн ацыд фембæлд.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фембæлдыл фарсытæ æркастысты дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг ахастыты фарстаты уæрæх спектр. Уагдоны хъусинагæй, сæрмагнд хъусдард здæхт уыдис бирæфарсон форматты æмгуыстад фæарфдæры перспективæмæ.
«Фембæлды фæлгæтты минæвар Кевин Гамильтон ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Канадæйы æнæфæцудгæ фарсдарын Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзиады æмæ евроатлантикон интеграцийæн. Фарсытæ сбæлвырд кодтой бæстæты æхсæн уæвæг фæстиуæгджын æмгуыстад стынг кæныны æмæ фылдæр активацимæ цæттæдзинад», – дзырдæуы æддагполтикон уагдоны информацийы.