IDFI-ы æнхъæлынц, цæмæй интернеты ахæлиугонд сусæг æрмæджыты ис 2014-2021 азты арызт ныффыстытæ
Инофрмацийы сæрибардзинады рæзынады институт (IDFI) сусæг ныффыстыты ахæлиуы фæдыл фидиуæн аразы, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй ахæлиугонд æрмæджыты бацахуыры фæстиуæгæн, ис гæнæн загъдæуа æнхъæлц, ома æрмæг фальсификацигонд нæу æмæ бакуыст у ПÆК-ы æрдгæй.
Афтæма организацийы банысан кодтой, цæмæй 14 сентябры Гуырдзыстоны прокуратурæ фæдагуырд райдайыны тыххæй райхъусын кодта. Тагъд паддзахадон æдасдзинад куыст, фæдагуырды фæдыл æмкуыст кæнынмæ цæттæдзинады тыххæй фехъусын кодта. Ацы рæстæджы ахæлиугонд документтæ ацы рæстæгмæ æвæрд сты веб-фарсыл.
«Кæд ацы документтæ автентон сты ацы æрмæджыты æхсæнадонæй рæувадатдзинад арæн скæнын æнæмæнгхъæугæ у адæймаæгты хисæрмагонд цардуагы æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн» – дзырдæуы фидиуæны.
Организаци сиды парламентмæ, сараза фæдæвзарæг комисси æмæ бацахуыр кæнæт паддзахадон æдасдзинады куысты æнхъæлцау системон цæстдарды закъонондзинады æмæ уым бæрзонд гæсты бастдзинады фарст.
«Гуырдзыстоны парламент хъуамæ рахата цас карз у уавæр. Æрмæст Гуырдзыстоны прокуратурæйы тыхархайдыл æмбæлгæ æууæнк нæ уыдзæн. Парламент хъуамæ спайда кæна уымæн конституцийæ æмæ законæй лæвæрд æххæстбартæ æмæ баиу уа ахæлиугонд æрмæджыты фæдыл аууæлттæ бацахуырмæ, сæрмагондæй та уыцы фоныл, ома æнхъæлцау бæрæг кæны системон æнæзаконон цæстдарды миниуджытæ.
Курæг стæм медиаорганизацитæй æмæ журналисттæй, ахæлиугонд æрмæджытæ срухс кæнæт журналистон этикæйы принциптæ æххæстæй хъахъхъæнгæйæ. Æрмæджытæ ахæлиу кæнын гæнæн ис æрмæстдæр уыцы бæрцæйы, кæцыйы домдзæн æхсæнадон интерес. Рухс кæныны рæстæджы хъахъхъæд хъуамæ уа адæймæгты хисæрмагонд цардуагы бар», – банысангонд у IDFI-ы ахæлиугонд фидиуæны.