Гуырдзыстоны сурзæххон транспорты агентады суыддзагæй, Липецкы цур фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн рог зиæнттæ райстой, раласдзысты Гуырдзыстонмæ
Гуырдзыстоны сурзæххон транспорты агентады суыддзагæй, уыцы бæлццæттæ, кæцытæ Уæрæсейы горæт Липецкы цур фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн рог зиæнттæ райстой, раласдзысты Гуырдзыстонмæ, – уый тыххæй информацийы, хъусын кæны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад.
«Фæндагон0-транспортон цау Уæрæсейы Федерацийы, Липецкы бæстæйы, Становлянскы районы цæрæн пункт Яркиномæ хæстæг 26 декабры магистралыл æрцыд, кæцы рæстæджы дæр сфæлдæхтис, Мæскуы-Тбилисы рейс æххæстгæнæг бæлццонон автобус.
Фыццагон бæрæггæнæнтæй, автобусы бадтысты 19 гоймагы. Фæндагон цауы фæстиуæгæн цæфтæ райстой 17 бæлццон, уыдонæй авды фæхæццæ кодтой стационармæ. Фæндагон цауы фæстиуæгæн, фæмард дыууæ адæймаг.
Фактыл райдыдтой тугтæрхоны барады хъуыддаг æмæ цæуы фæдагуырд. Кусы тæвд хахх. Уæрæсемæ араст уыдзысты Швейцарийы минæварады Гуырдзыстоны секцийы кусджытæ æмæ абæрæг кæндзысты зианбайафджыты», – банысангонд у экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады ахæлиугонд информацийы.