Æрдзы националон агентады хъусинагæй, 17 февралы фылдæр æнхъæлмæкæсинаг у мигъджын боныгъæд, мит, рæстæгæй-рæстæгмæ гæнæн ис фидар митуард. Уыдзæн ныгуылæны æрдæм дымгæ 10-15 м/с, гæнæн ис тымыгъ. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты уыдзæн -5,-7, боны сахатты -0, -2 градусы.
Фæдылдзог бонты прогнозы тыххæй агентады хъусын кæнынц – 18 февралы æнхъæлмæкæсинаг у ивгæ асæст. Æхсæв æмæ сæумæрайсомы сахатты цысыл митуард. Ныгуылæны æрдæм дымгæ 10-15 м/с, рæстæгæй-рæстæгмæ гæнæн ис стыхджын уа 18-20 м/с-ы онг æмæ тымыгъ. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты уыдзæн -11,-13, боны сахатты -4, -6 градусы.
19-20 февралы æнхъæлмæкæсинаг у ивгæ асæст. Фылдæр æнæдæлдзырæттæй. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты уыдзæн -16,-18, боны сахатты -3, -5 градусы.
22-24 февралы æнхъæлмæкæсинаг у ивгæ асæст. Чысыл митуард. Уыдзæн ныгуылæны æрдæм дымгæ 10-15 м/с, гæнæн ис тымыгъ. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты уыдзæн -11,-13, боны сахатты -4, -6 градусы.
25-26 февралы æнхъæлмæкæсинаг у фылдæр асæст, митуард. Рæстæгæй -рæстæгмæ гæнæн ис, ныгуылæны æрдæм фидар дымгæ 10-15 м/с, гæнæн ис тымыгъ. Уæлдæфы температурæ æхсæвы сахатты уыдзæн -11,-13, боны сахатты -0, -2 градусы.