Гуырдзыстоны радыдта  медицинон маскæтæ цæттæ кæнын
Гуырдзыстоны радыдта медицинон маскæтæ цæттæ кæнын

Экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр  Натиа Турнава  абон   Поты  уыдис, цы ран  компани «Ачъара Текстилы»  кондадмæ  фæуазæг ис æмæ   медицинон   маскæтæ   цæттæкæныны  процесс бынатыл  сбæрæг кодта.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  журналист куыд  хъусын кæны афтæмæй,   министр  маскæтæ  цæттæкæныны  йæхæдæг дæр райста  хайад.

Натиа Турнавайы  дзырдæй, зæгъгæ фыццаг этапыл Гуырдзыстоны  кæнгæ  медицинон маскæтæ  уыцы   категоритæн байуардзысты, кæцы  адæмæн  сегасæй  арæ контакт ис  вирусы  рискъ-къордтимæ.   Стæй  та  приоритет  уыдзæн бизнес-секторы  архайæг адæймæгтыл.

Уымæй  уæлдай ма,  министры  куырдиатæй, зæгъгæ маскæтæ  коммерцион сектормæ дæр рауадздзысты, æрмæст  аргъ контролгæнгæйæ. Афтæдæр йæ ныæхстæм гæсгæ,  маскæтæ  фыццаг этапыл æрцæттæ кæндзысты  бирæхаттон маскæтæ, кæцыты  æхсын уыдзæн гæнæн.

Натиа Турнавайы  дзырдæй, зæгъгæ ацы  рæстæгмæ  æгъгъæд  фæстауæрц ис фыццаг  партийы  цæттæкæнын  райдаынæн.