Гуырдзыстоны прокуратурæ Хазарадзе, Джапаридзе æмæ Цъеретелийы хъуыддаджы фæдыл фидиуæны публикаци кæны
Гуырдзыстоны прокуратурæ Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзейы æмæ Автандил Цъеретелийы абоны тæрхоны процессы фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, зылынгæнæг фарс абоны тæрхоныскуыдыл, закъондæттынадæй бæрæг æмгъуыдты аппеляцион тæрхондоны бахъаст кæндзæн .
«Тбилисы горæты тæрхондон æххæстæй сразы ис зылынгæнæг фарсы бавдыст бæлвырдгæнæнтимæ æмæ акцион æхсæнад «Тибиси Банкы» сæрмагонд 16 664 000 АИШ долллары фæлывдмигæнгæйæ хибакæныны фактыл Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзе æмæ Автандил Цъеретелийы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 180-æм статимæ гæсгæйæ, зылынджынтыл банымадта æмæ сын зылынгæнæг уынаффæ рахаста. Уыимæ тæрхондон не сразы ис зылынгæнæг фарсы аргълæвæрдимæ, фыдракæндыл барадон квалификацийы фæдыл, цæй тыххæй дæр зылынмæ лæвæрдты архайдмæ лæвæрд уыд квалификаци фæлывдмидзинады статийæ.
Фæнысангонд тукгтæрхоны барады хъуыддагыл, алкæцы зылынмæ лæвæрдæн, æфхæрды хуызæй æмæ мадзалæй стæрхон ис ахстæй æфхæрд авд азы æмгъуыдмæ. Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады процессон закъондæттынады бындурыл, фæлывдмидзинады фыдракæндыл тугтæрхоны барадон сурыны æмгъуыдтæ аивгъуыды тыххæй, уыдон ссæрибар сты æфхæрдæй.
Æхсæнадæн бакой кæндзыстæм, ома Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзе æмæ Автандил Цъеретелийæн аххосаг бавдыст уыд æнæзаконон æфтиæгты легализацийы фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 194-æм статийæ. Зылынгæнæг фарс, тæрхондоны абоны уынаффæйыл, закъондæттынадæй бæрæг æмгъуыдты аппеляцион тæрхондоны бахъаст кæндзæн», – дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.