Мамука Бахтадзейы инициативæйæ, «Стайы цармдарæг», цалынмæ Нью-Йоркъы, ИНО-йы арт-коллекцийы æрбынат кæндзæн, Франкфурты чиныджы æрмукъæйыл уыдзæн бавдыст
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы инициативæйæ, уникалон, къухæй фыст «Стайы цармдарæг», кæцыйы æддаг цъар Францы архайæг номдзыд гуырдзиаг скульптор Гуджи Амашукели срæсугъд кодта, уæдмæ цалынмæ Нью-Йоркъы, ИНО-йы арт-коллекцийы æрбынат кæндзæн, 9 октябры Франкфурты чиныджы æрмукъæйыл уыдзæн бавдыст, куыд гуырдзиаг культурæйы уникалон хуызаг афтæ.
Уый фæдыл информацийы парахат кæны премьер-министры пресс-куыст.
«Стайы Цармдарæгы» музейы экземпляр 2017-2018 азты, Тбилис æмæ Паризы навгæнджыты æмæ калиграфты къорд сфæлдыста.
Националон нысаниуæгы уникалон хæзнайы куырдадзы цагъд æддаг цъар, кæцыйы сфæлдыста Гуджи Амашукели, арæзт у æвзистæй æмæ дзы номдзыд дæсны спайда кодта 20 хуызы зынаргъ дурæй: Серпантин, Пиринейы дур, фæныкгъуыз æмæ сырх яшма, аметист, хохы хрусталь, уардигъуыз къварц, амазонит, авантюрин, танзаниты яшма… фæлдисонды афтæдæр ис метеориты къæртытæ.
Гуджи Амашукелийы фæлдисæндтæ ис Ватиканы музейы, Лувры музейы, Паризы Мады Майрæмы аргъуаны музейы æмæ Лионы декоративон авиады музейты, Нанты Томас Добрэйы музейы, Мандэты музейы æмæ а.д.
Æввахс рæстæджы «Стайы Цармдарæгы» уникалон экземпляр АИШ-æм, Нью-Йоркъмæ æрвыст æрцæудзæн, цыран æрбынат кæндзæн ИНО-йы арт-коллекцийы.