Гуырдзыстоны премьер-министр Иракли Гъарибашвили Бельгийы паддзахадмæ ацыд.
Дыууæбонон визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ ауадздзæн Европаг Советы, Еврокомиссийы æмæ Европарламенты, афтæма НАТО-йы.
Фембæлдты сæйраг темæ уыдзæн Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы бонвæтк, Еврокомиссийы рафарстимæ баст фарстатæ, афтæма регионы æдасдзинады æрдгæй уæвæг уавæр.
Брюсселмæ Гуырдзыстоны премьер-министримæ иумæ абалц кодта фæсарæн хуъыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, кæцы фембæлдтæ ауадздзæн евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртимæ.
Информаци хъусын кæны премьер-министры пресс-куыст.