Гуырдзыстоны парламент оппозицийы минæвæрттæн мандатты аивынимæ не сразы ис
Гуырдзыстоны парламент оппозицийы минæвæрттæн мандатты аивынимæ не сразы ис

Гуырдзыстоны парламент  оппозицийы  минæвæрттæн  мандатты  аивынимæ не сразы ис.

Парламент  абоны пленарон  рабадтыл  фæйнæ-фæйнæ æркастис  парламентон оппозицимæ бацæуæг  51  депутаты  куырдиæттæ,  уыдонæн депутатон  æххæстбартæ аскъуыныны фæдыл.   Рабадтыл  90  депутат уыдис. Фарстæн иунæг фарсхæцæг дæр нæ уыд, фæлæ  йæ  ныхмæ  уыд   фондз депутат.

Абон бæрæг ссис, цæмæй  парламентон фылдæртæ  оппозицийы   минæвæрттæн мандаттæ аивынæй  йæхи  фæурæдтаит.  Уый фæдыл   парти «Гуырдзиаг бæллиццы»   централон офисы  парламентон фылдæрты  рабадты фæстæ   партийы  сæрдар Ираклий Къобахидзе  фехъусын кодта.

«Оппозиционер депутаттæн раттам ноджы иу фадат,  скад кæной  сæ фарсхæцджыты фæндæн, кæцыты  дыууæ æртыккæгæм хай,   фæстаг социологион иртасæнæй  куыд фæбæрæг,  сæ  фаворит партиты парламентмæ  бацыдимæ разы сты; уымæй  уæлдай ма  нæ  зæрдыл бадардтам  нæ æхсæнадæмон   партнерты  ахаст фарстмæ,  кæцы  радикалон оппозицийы  конструктивон  рельсытыл  слæууын  кæнынæн ноджы иу  шансы раттыны фарсхæцæг уыдзæн»,  – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

54 оппозиционер депутат парламентмæ  бавдыстой  куырдиат  сæ депутатон  æххæстбартæ  аскуыныны тыххæй.  Уый  æфсонæн та æрхастой  парламентон æвзæрстыты  фальсификаци æмæ  дæсæм æрсидты парламентæн  расидтысты  бойкот.