Гуырдзыстоны уары мит. Æрдзы националон агентады информацийæ, дæлдзырæттæджын боныгъæд ноджы дыууæбоны бæрц аххæсдзæн.
Афтæдæр сæ информацийæ, 17-18 марты сæйраго горæты митуард æмæ ныллæг температурæ у æнхъæлмæкæсинаг. Æппæт Гуырдзыстоны масштабæй уазал æмæ уымæл уæлдæфы массæтæ ахæлиу уыдзысты.
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, денджызыл уыдзæн 3- 4 баллы бæрц шторм.
Синоптиктæ боныгъæды фæхуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсвнц 19-мæ.
Интенсивон митуарды тыххæй хохджын зонæты, змæлдыл арæнвæрдтæ æрбайстой.