Гуырдзыстоны Национ Банк -  Гуырдзыстонмæ  фæсарæнтæй  æхца  цы бæстæтæй  æрвитынц, уыцы  бæстæты  нымæцы фыццаг бынатыл ис Итали
Гуырдзыстоны Национ Банк - Гуырдзыстонмæ фæсарæнтæй æхца цы бæстæтæй æрвитынц, уыцы бæстæты нымæцы фыццаг бынатыл ис Итали

Гуырдзыстоны  Национ Банкы  информацийæ,  2021  азы  январы  бæстæмæ  æрбафтгæ  хцайæ  æрвитæггæты  бæрц  $149.8 милуан доллармæ ахæццæ ис(493.8  милуан лари)  кæцы  19.2%-æй   фылдæр у  2020 азы  январы аналогион бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.

Централон Банкы  хъусинагæй  фæсарæнтæй Гуырдзыстонмæ  хцайæ æрвитæггæгты  93.2%  сты уыц 16  ставддæр патрнер бæстæтæй,    кæцæй дæр æрвитæггæгты  бæрц январы  1  милуан АИШ   долларæй  фылдæр уыд.

Афтæмæй   январы   Гуырдзыстонмæ кæцы бæстæтæй  æрвитæггæгтæ  фылдæр уыдис  уыдоны нымæцы  фыццаг бынатыл ис  Итали –  27.32 милуан долларæй,  раззаг азимæ абаргæйæ  рæзт  у 29.72%. Уый фæстæ дыккаг у   Уæрæсейы Федераци – 23.18  милуан долларимæ,  раззаг азимæ абаргæйæ   фæкъаддæр ис  11.44%.

Греци -18.62 милуан долларимæ,  раззаг азимæ абаргæйæ   рæзт у  25.25%

АИШ-18-07  милуан долларæй, раззаг азимæ абаргæйæ  33.24% рæзт

Израил -13,16 милуан доллар, рæзт  0.55%.

Турк – 7.16 милуан доллар,  рæзт 8.54%

Украина –  6.43  милуан доллар,  рæзт  80.65%

Германи – 6.06  милуан доллар, рæзт 57,15%

Азербайджан – 5.32 милуан  доллар,  рæзт – 213.08%

Испани – 3.51  милуан доллар,  раззаг азимæ абаргæйæ  рæзты бæрц у  1.82%

Франц – 2.39 милуан  доллар, рæзт 32.79%

Хъазахстан – 2.20  милуан доллар,  рæзт 11.21%

Польшæ – 1.95 милуан доллар,  рæзт  2ю94%

Канадæ – 1.46  милуан доллар, рæзт  53.67%

Иугонд Паддзахад – 1.37 милуан доллар, рæзт  15.59%.

Национ Банкы  хъусинагæй,   Гуырдзыстонмæ  æхца æрвитæггæгты  сæйраг равзæрæн у  бæстæйæ  миграцимæ ацæуæг  цæрджыты  фæстæмæ æрвыст суммæтæ.