Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 24 616  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 221  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 24 616 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 221 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  24 616    ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 18 221   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 54 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  73 251   адæймагæн, сæ  нымæцы –  53 616  антигены тестæй  æмæ   19 635  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 33,61%, фæстаг 14 боны –  28,31%, фæстаг  7 боны  – 31,86%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 350 454   цау, уыдонæй  1 124 442   сæнæниз сты, 15 300  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 755 879    адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 023.

Карантины режимы сты 43 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 082, клиникон фысымуаты ис  1 897  уæнгы.

Знон, 7  февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  11 235    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  17 130  пациент, 34 адæймаг та  амард.