Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 778 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 234 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 778 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 3 234 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 63 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 25 855 адæймагæн, сæ нымæцы – 16 445 антигены тестæй æмæ 9 410 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6,88%, фæстаг 14 боны – 8,56%, фæстаг 7 боны – 8,13%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 867 071 цау, уыдонæй 809 830 сæнæниз сты, 12 407 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 238 070 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 674.
Карантины режимы сты 36 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 455, клиникон фысымуаты ис 1 121 уæнгы.