Гуырдзыстоны хицауады админстраци, Зураб Абашидзейы æмæ Григорийы Карасины æхсæн фембæлды фæдыл информацийы хæлиу кæны
Гуырдзыстоны хицауады администраци Прагæйы, гуырдзиаг-уырысаг æнæформалон диалогы фæлгæтты, Уæрæсейы Федерациимæ ахастыты фарстаты Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзейы æмæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасины æхсæн фембæлды фæдыл информацийы хæлиу кæны.
Гуырдзыстоны хицауады администрацийы информацийæ, фемибæлдыл æркастысты фæнысангонд форматæй бæрæг базарадон-экономикон, транспортон æмæ бæрæг гуманитарон фарстатæ.
«Уыйимæ иумæ, фембæлды райдианы Зураб Абашидзе йæ хъусдард раздæхта Абхаз æмæ Цхинвалы регионы, афтæма окупацион хаххы гæрон рæтты уæвæг уæззау уавæры тыххæй. Сæрмагондæй та банысан ис уый æмæ, нырма дæр дарддæр кæны адæймаджы барты гуырымыхъхъ хæлд, ацы регионты рæзгæ милитаризаци, æхзсæнадæмон нормæты, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты принципты æфхæрд.
Банысан ис, Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы нысаниуæг, кæцытæ Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æдасдзинад æмæ гуманитьарон фарстаты æркæсыны сегасæй сæйраг дæр формат у.
Базарадон-экономикон фарстатыл ныхасы рæстæджы, бахахх кодтой 2018 азы аст мæйы мидæг, базарадон зилдухы рæзынады тенденци. Ахæм динамикæ ис авиацион, æфсæнвæндаг-быраны, автомобилон змæлды, афтæдæр туризмы къабæзты», – банысангонд у Гуырдызстоны хицауады администрацийы информацийы.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, гуырдзиаг фарс фембæлдыл фæныхас кодта дыууæфарсон базарадон æмæ транспортон ахастыты баст гуырдзиаг компаниты куысты уæвæг проблемæты тыххæй æмæ сæ аскуыддзагы фæндæгтыл.
«Бакастæуыд «Гуырдзыстоны хицауады æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицауады æхсæн таможнæйыл администрирдзинады æмæ администрацийы æмæ базарайгæй базар кæныны мониторингы механизмтимæ баст сæйраг принципты фæдыл «2011 азы бадзырдтимæ баст фарстатæ. Банысан ис цæмæй фæрстæ фесты бадзырдæй хъуыдыйы дард бацæттæгæнæн периоды процедурæтæ æмæ боны фæткы лæууы йæ сæххæсты нысанæй æмбæлон къахдзæфтæ авæрын. Ацы æрдгæй равдыстæуыд конкретон нхъарæнтæ»,- хъусын кæнынц Гуырдзыстоны хицауады администрацийы.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, фембæлдыл æркастысты мулкон æмæ æндæр гуманитарон фарстытæ. Прагæйы радон фембæлды датæ фæстæдæр фæбæрæг уыдзæн.