Гуырдзыстоны хицауады админстраци, Зураб Абашидзейы æмæ Григорийы Карасины æхсæн фембæлды фæдыл информацийы хæлиу кæны
Гуырдзыстоны  хицауады  админстраци, Зураб Абашидзейы æмæ  Григорийы  Карасины  æхсæн фембæлды  фæдыл информацийы хæлиу кæны

Гуырдзыстоны  хицауады администраци   Прагæйы, гуырдзиаг-уырысаг  æнæформалон диалогы фæлгæтты,   Уæрæсейы  Федерациимæ   ахастыты  фарстаты  Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзейы  æмæ  Уæрæсейы  Федерацийы  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг  Григорий Карасины   æхсæн фембæлды фæдыл информацийы  хæлиу кæны.

Гуырдзыстоны  хицауады   администрацийы информацийæ, фемибæлдыл  æркастысты  фæнысангонд форматæй  бæрæг  базарадон-экономикон,  транспортон  æмæ бæрæг гуманитарон   фарстатæ.

«Уыйимæ иумæ, фембæлды райдианы  Зураб Абашидзе  йæ  хъусдард раздæхта  Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы, афтæма  окупацион  хаххы гæрон   рæтты уæвæг уæззау  уавæры  тыххæй. Сæрмагондæй  та  банысан ис  уый æмæ,  нырма  дæр дарддæр кæны   адæймаджы барты  гуырымыхъхъ   хæлд, ацы регионты  рæзгæ  милитаризаци, æхзсæнадæмон нормæты,  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты   принципты æфхæрд.

Банысан ис,  Женевæйы  æхсæнадæмон    дискусситы   нысаниуæг, кæцытæ Гуырдзыстон æмæ  Уæрæсейы  æхсæн  æдасдзинад æмæ  гуманитьарон  фарстаты  æркæсыны сегасæй  сæйраг  дæр формат у.

Базарадон-экономикон  фарстатыл ныхасы  рæстæджы,  бахахх кодтой  2018 азы аст мæйы  мидæг, базарадон зилдухы  рæзынады тенденци. Ахæм динамикæ ис авиацион, æфсæнвæндаг-быраны,  автомобилон змæлды,   афтæдæр туризмы   къабæзты», –  банысангонд  у  Гуырдызстоны хицауады  администрацийы информацийы.

Афтæдæр  сæ  хъусинагæй,  гуырдзиаг фарс  фембæлдыл фæныхас кодта  дыууæфарсон  базарадон æмæ   транспортон    ахастыты   баст  гуырдзиаг компаниты  куысты  уæвæг проблемæты тыххæй æмæ сæ аскуыддзагы  фæндæгтыл.

«Бакастæуыд  «Гуырдзыстоны   хицауады   æмæ    Уæрæсейы  Федерацийы  хицауады  æхсæн  таможнæйыл администрирдзинады æмæ    администрацийы æмæ  базарайгæй базар кæныны  мониторингы  механизмтимæ  баст сæйраг     принципты фæдыл «2011  азы  бадзырдтимæ баст    фарстатæ.  Банысан ис   цæмæй   фæрстæ   фесты   бадзырдæй   хъуыдыйы дард  бацæттæгæнæн    периоды   процедурæтæ  æмæ   боны   фæткы лæууы  йæ  сæххæсты   нысанæй  æмбæлон къахдзæфтæ  авæрын.  Ацы æрдгæй   равдыстæуыд  конкретон   нхъарæнтæ»,- хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны  хицауады администрацийы.

Афтæдæр сæ хъусинагæй,    фембæлдыл  æркастысты  мулкон æмæ   æндæр  гуманитарон  фарстытæ.  Прагæйы радон фембæлды  датæ фæстæдæр  фæбæрæг уыдзæн.