Гуырдзыстоны хицауад, 2019-2020 азты хъавы пенситы фæфылдæр кæнын
Гуырдзыстоны  хицауад, 2019-2020  азты хъавы  пенситы фæфылдæр кæнын

Гуырдзыстоны  хицауад, 2019-2020  азты хъавы  пенситы фæфылдæр кæнын – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министртæм кандидат, Мамука  Бахтадзе   парламенты   уæлрадон  рабадтыл, дзырдæй  ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Мамука  Бахтадзе  куыд банысан кодта, афтæмæй,  Гуырдзыстоны  хицауад адарддæр кæндзæн  нысанон   социалон  программæтæ æххæст кæнын  уæззау  материалон уавæры уæвæг къордтæн  цард фенцондæр кæнынæн.

«Ауæрæхдæр ис  амалхъомдзинад цух уæнгты, асджынты æмæ  аудындзинад  цух  сабиты  физикон æмæ  социалон  уавæрты фæхуыздæр кæныны æрдæм мадзæлттæ.  Уый нымæцы  плангонд у   пенситы  фæфылдæр кæнын  2019-2020  азты, 20-20 ларийы бæрцæй,  цæй  тыххæй  дæр  бюджеты  рауæлдай  кодтам   æфтауцæй  зæгъæн  ис 400 милуан  ларийы»,-  райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.