Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илиа Дыгкаг ныгæд æрцыд Сионы кафедралон аргъуаны [Фото/Видео]
Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илиа Дыгкаг ныгæд æрцыд Сионы кафедралон аргъуаны [Фото/Видео]

Сионы кафедралон аргъуаны баныгæдтой Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы архиепископ, Бичъвинтайы æмæ Цхум-Абхазы митрополит, Йæ Сыгъдæгдзинад  Илиа Дыккагы.

Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы зианы церемони Самебайы  кафедралон аргъуаны райсомæй сырæзт. Кафедралон аргъуаны куывд 09:00 сахатыл райдыдта. Константинополы архиепископ – Ног Ромы æмæ æппæтадæмон Патриарх, йæ сыгъдæгдзинад Варфоломей I, кæцы Патриархон паддзахбадæны сбадын кæнынимæ иумæ, митрополит Шио æмæ Гуырдзыстоны аргъуаны Сыгъдæг Синоды уæнгтимæ иумæ, йæ Сыгъдæгдзинад  Илья II-ы фæтк сæвæрыны куывд  æххæст кодта .

Службæйы фæстæ кафедралон аргъуаны æрæмбырдуæвджытæм раныхас кодтой æппæтдунеон Патриарх, афтæ дæр Гуырдзыстоны президент, парламенты сæрдар, премьер-министр æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» цытджын сæрдар.  Кафедралон аргъуаны уыдысты æндæр æмæ æндæр конфесситы бæрнонтæ, афтæ дæр дипломативон корпусы æмæ алы бæстæты делегацитæ.

Каталикос-Патриархы æнцойадæй Сионы кафедралон аргъуаны йæ ныгæныны онг, зианы дзæнгæрæгтæ азæлыдысты Гуырдзыстоны æппæт активон аргъуанты.

Æппæт Гуырдзыстоны 141-æм Каталикос-Патриарх Илиа Дыккаг 17-æм марты 93 азы кары амард.