Гуырдзыстоны  электромобильты  заводы арæзтад æввахс периоды райдайдзæн
Гуырдзыстоны электромобильты заводы арæзтад æввахс периоды райдайдзæн

Гуырдзыстоны  электромобильты   амалиуæгады  арæзтад   æввахс  периоды райдайдзæн – банфысангнд  фарстамæ гæсгæ  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе   абон компани  «Ай Группы»  æмæ китайаг  «Чанганы»  амалиуæгдæрттимæ фембæлд.

Премьеры  пресс-куысты   информацийæ,    проектмæ гæсгæ,   компани «Ай ГРупп»  Кутаисы   100 гектар  территорийыл  24 мæймæ,   электромобильты   завод самайдзæн.   Заводы  300-ы  онг    бынæттон цæрæг бакусдзæн,  кондады   скуыстæй  18 мæймæ  та  æнæкъаддæр  5 000  электромобилы  рауадздзысты.

Премьер-министры  æмæ компанийы   минæвæртты   фембæлд рæстæджы   нысаниуæгджынæй  аргъ скодтой  уыцы  фактæн,  æмæ  кондад   хицауады  æххуысæй  æрцæудзæн амад  æмæ уыдзæн   регионы  фыццаг   электромобильты   уадзæг завод.