Газдихгæнæг компанитм нырма ноджы ивгъуыд азы æрцыд лæвæрд тызмæг амындтæ, газы алы монтажгонд мигæнæн басгарой æмæ ацы процесс цæуы, – уый фæдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава райхъусын кодта, газифтонггæнæн регуляцитæм гæсгæ фарстатыл ныхасы рæстæджы.
«Фыццаг цыдæриддæр ныридæгæн арызт у, уый нырма ивгъуыд азы, газдихгæнæг компанитæм мах æмæ регулиргæнæг камисы æрдгæй лæвæрд æрцыд тызмæг амындтæ,сыххæст кæной плангондæй газы алы мигæнæн, кæцыдæриддæр монтажгонд у. Растдæр уый æвдисæнтæ стæм, ацы процесс цæуы. Дыккаг хай у закъондæттынад фæкарздæр кæнын, æмбæлон пакет цæттæ у æмæ йыл хицауад ныридæгæн тæрхон кæны. Кæд хæдзар æхгæд у, кæнæ йæ хицау йæ хи сæрмагонд фæндæй нæ уадзы газы мигæнæн басгарын, уым фæкарз уыдзæн бæрн æмæ ацы бæрн уыдзæн куыд администрацион, афтæ тугтæрхоны барадон», – райхъусын кодта министр.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, æртыккаг фарста æххæссы газы детектортæм, кæцыйыл æввахс бонты энергетикæйы æмæ донифтонгады регулиргæнæг национ камис рахæсдзæн скуыддзаг.
«Цыдæриддæр газы детекторты æнæмæнгхъæуындзинадмæ æххæссы, Регулиргæнæг камис ацы бонты уый тыххæй рахæсдзæн уынаффæ, кæцы финансонæй, фыццаг æртæ азы мидæг, нæ балхъивдзæн цæрджыты, нæ уыдзæн бæрзонд фидтон», – райхъусын кодта Натиа Турнава.