Гуырдзыстоны Фыццаг Канал – «Мах Украинайæн»
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал – «Мах Украинайæн»

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, Сырх Дзуаримæ иумæ, Украинаг адæмæн фарсхæцынæн  æмæ Украинайы Æхсæнадон Уацхæссæгимæ солидарондзинады  нысанæн,  хæрзæггæнæг марафон  – «Мах Украинайæн»  ауадздзæн.

Марафон  фыццаг марты 22:00 сахатыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы эфиры  ацæудзæн  æмæ   уымæ баиу кæныны фадат  SMS–ы  фæрцы, кæнæ банкон  хынцмæ  суммæ арвитынæй, æхсæнады кæцыфæнды уæнгтæн уыдзæн сæ бон.

Хынцы номыр :

GE84BG0000000533473787 

GE44TB7406736120100003

Кæнæ адзурут кæцыфæнды хызагæй: 16 222

Телефонæй дзырды  аргъ у  1 лари

Хæрзæггæг марафон  Европæйы Уацхæссджыты  уæнг уацхæсджыты инициативæ у, кæцы райдыдта Польшæйæ.  Польшæйы «TVP»-ы эфиры  Украинайы фарсхæцынæн  Каритасим иумæ  марафон нырид ацыд.  Хæрзæггæнаг марафон «Мах- Украинайæн та, дыццæджы  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал равдисдзæн.

«Мах –Украинайæн» – хæрзгæнæг марафон Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы организацигондæй, фыццаг марты  ацæудзæн,  мах Украинайы  Æхсæнадон Уацхæссæгимæ  æнгом æмгуыстад иу кæны æмæ айу  солидарондзинады акт, кæцыйæн хъуамæ уа реалон фæстиуæг æмæ  эффект, кæцы мæ  хъуыдымæ гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын у ацы вазыгджын рæстæджы», –   райхъусын кодта Фыццаг Каналы  генералон   директор  Тинатин Бердзенишвили.

Гуырдзыстоны Сырх Дзуары  æхсæнады  президент, Натиа Лоладзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   марафоны рæстæджы  цы  суммæ  æрымбырд уыдзæн,  уый æххуысы хуызæй  лæвæрд уыдзæн  Украинайы  Сырх Дзуармæ.

«Баххуыс кæн украинаг адæмæн! абон, афтæ, куыд никуы раздæр,  Украинайы  нæ  хæлæрттæн  хъæуы  æххуыс. Цы  суммæйæ баххуыс уыдзыстут,  уый лæвæрд уыдзæн   Украинайы  Сырх Дзуармæ.  Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  Украинайы  Сырх Дзуар  æххуыс кæны  алкæмæн, кæмæндæриддæр  хъæуы», –  райхъусын кодта  Гуырдзыстоны Сырх Дзуары  æхсæнады президент.

«Мах Украинайæн»   – хæрзгæнæг  марафоны хайад исынц  номдзыд Гуырдзиаг  зарæггæнджытæ, афтæма сыххæст уыдзæн  популярон  эпизодтæ  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  музыкалон   проекттæй.

Украинайæн фарсхæцынæн   марафон абон  уадзы Эстонийы Æхсæнадон Уацхæссæг.  Хæрзгæнæг  концерт  ауадздзæн Чехы  Æхсæнадон Уацхæссæг дæр.