Гуырдзыстоны ФХМ, Сирийы дипломативон минæварадтæн ИНО-ы æмæ Египеты, дипломативон ахастыты банцады фæдыл официалон нотæ адæтта
Фыццаг июны Сирийы Адæмон Республикæйы дипломативон минæварадтæм, Игонд Нациты Организацийы æмæ Египеты Арабты Республикæйы, дыууæ бæстæйы æхсæн дипломативон ахастыты фæдыл, лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады официалон нотæ – уый тыххæй дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.
Æддæ хъуыддæгы уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй Сирийы Режим рахаста æнæзакъонон уынаффæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй хъомыс дарыны фæстиуæгæн, а.х. дипломативон ахастытæ æрфидар кодта Сохум æмæ Цхинвалы архайæг Урæсейы оккупацион режимтимæ.
«2018 азы 29 майы Сирийы режим рахаста æнæзаконон уынаффæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй хъомыс дарыны фæстиуæгæн, æхсæнадæмонбарады фундаментон нормæрты æмæ принциптæ сæтгæйæ а.х. дипломативон ахастытæ æрфидар кодта Сохум æмæ Цхинвалы архайæг Уæрæсейы оккупацион режимтимæ, кæцыйæ фæбæрæг Уæрæсейы æфсæддон агрессийы, этникъон ныссыгъдæджы æмæ Гуырдызстоны æнæбайсгæ регионты – Абхазы æмæ Цхинвалы регионы оккупацийæн комкоммæ фарсхæцынад.
Фæнысангондмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады 2018 азы 31 майы уынаффæйы бындурыл, гуырдзиаг фарс баурæдта «Гуырдзыстоны Республикæйы æмæ Сирийы Арабты Республикæйы æхсæн дипломативон ахастыты фæдыл» 1993 азы 18 майы къухбафыст бадзырды хъомыс.
Дыууæ бæстæйы æхсæн дипломативон ахастыты урæды тыххæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады официалон нотæ 2018 азы фыццаг июны лæвæрд æрцыд Сирийы Адæмон Республикæйы дипломативон минæварадтæм ИНО-ы æмæ Египеты Арабты Республикæйы.
ИНО-имæ Гуырдзыстоны иугæндзон минæварад, Гуырдзыстон æмæ Сирийы Арабты Республикæйы æхсæн дипломативон ахастыты бацады фæдыл, афтæдæр фехъусын кодта Иугонд Нациты Организацийы генералон нымæрдарæн» – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.