Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй  паддзахады æххуысæй, фыдыбæстæмæ  нырид æрыздæхтис Украинайæ эвакуацигонд Гуырдзыстоны 2000-ы онг æмбæстаг
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй паддзахады æххуысæй, фыдыбæстæмæ нырид æрыздæхтис Украинайæ эвакуацигонд Гуырдзыстоны 2000-ы онг æмбæстаг

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  хъусын кæнынц, цæмæй  паддзахад  дарддæр кæны  Украинайæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты   организагонд  æрыздæхт  æмæ сын æххуысы процесс.

Æддагполитикон уагдоны информацийæ, паддзахады  æххуысæй   фыдыбæстæмæ  Украинайæ эвакуацигонд   Гуырдзыстоны 2000-ы онг  æмбæстаг æрыздæхт.

«Паддзахад дарддæр кæны  Украинайæ эвакуацигонд  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  фыдыбæстæмæ организацигондæй  æрыздахыны  процесс.  24  сахаты дæргъы  Польшæйы  Гуырдзыстоны минæварады  æххуысæй, фыдыбæстæмæ  æрыздæхтис 80-ы онг  Гуырдзыстоны æмбæстаг, цæугæ  къуырийы та æмтгæй райсгæйæ 242  æмбæстаг.  Æрмæст Румынийæ  цæугæ  къуырийы  Гуырдзыстоны  минæварады æххуысæй æрыздæхт  Гуырдзыстоны 75 æмбстаг. Афтма  дарддæр кæны  Украинайы  территорийæ  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  организагондæй  раконд  арæнгæрон  паддзахадтæм, сæрмагондæй  та г. Львовы  Гуырдзыстоны  цытджын    консулад  дарддæр кæны  г. Варшавайы  æрдæмадæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты транспортацыи специалон  автобустæй.ю  радон  рейс 20  мартмæ у плангонд. Гуырдзыстоны æмбæстæгты  организацигонд  раконд  æххæст кæны  Гуырдзыстоны  цытджын  консулад  г. Одессæйы, æмбæстæгтæ Молдовæйы  æрдæмадæй  балц кæнынц, кæцæй дæр Румынийы уылты  æххæст цæуы  сæ фыдыбæстæмæ  æрыздæхт.

Украинайы  хæстон архæйдтыты  райдайæнæй  Гуырдзыстоны  дипломатон  минæварадтæ, куыд Украинайы территорийыл, афтæ  йæ  арæнгæрон   паддзахадты,  ахызтысты куысты  сæрмагонд  режиммæ.  Гуырдзыстоны премьер-министры  барамындæй, уыдонæн бахæс кодтой  Украинайæ эвакуацигонд  Гуырдзыстоны  æбæстæгтæн  фыццагон хъæуындзинады  æххуыс  æмæ  сæ фыдыбæстæмæ  æрыздæхт. Ацы  рæстæгмæ  уæвæг информацийæ,  паддзахад  фыдыбæстæмæ организацигонд æрыздæхта  2000-ы онг  æмбæстагы» –   хъусын кæннц  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады.