Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы куырдиат Донбассы айтынггонд фæзындты тыххæй
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани Донбассы айтынггонд фæзындты кой кæны социалон хызагы æмæ дзуры, зæгъæ æфсæддон эскалаци йæ бын къахы сабырадон аскуыддзагы тыхархайдæн.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты минитр «Твиттеры» ныффыста.
«Тынг мæтæйдзаг дæн Золотоейы цур Уæрæсейы æххуысæй сæххæст бырсты тыххæй ахæлиугонд хъусинагæй. Æфсæддон эскалаци йæ бын къаыхы сабырадонæй аскуыддзагы тыхархайдæн æмæ пырх кæны прогресс ацы процессы»- фыссы Залкалиани.
Ахæлиугонд информацийæ, абон сæумæрайсом проуырыссаг хæцджытæ хъæу Золотоейы цур, тыхты а.х. фæхицæн гæнæг хаххыл ахызтысты æмæ бацархайдтой украинаг æфсæддæтты позицитыл æхст райдыдтой. Украинайы хицауад хъусын кæны цæмæй æнæзакъонон гарзджын формиргондты æрдгæй артиллерион æхсты æмæ бырсæнцыды хъавды рæстæджы, иу украинаг æфсæддон фæхъуыд æмæ 5 фæцæф сты.