Евроцæдисы политикæйы æмæ æдасдзинады комитет, Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийы къухдариуæгæй сфидар кодта Эрик Хьогы.
Даниаг дпломат 2017 азы 1-аг сентябрæй миссийы къухдариуæгы хæстæ æххæст кодта. 2015 азы апрелæй уыдис миссийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг. Эрик Хьог фæивдзæн литвайаг Кьястутис Янкаускасы.
«Евроцæдисы цстдарæг мисси Гуырдзыстоны у нысаниуæгджын элемент конфликты зонæйы æдас æмæ стабилон уавæры рæвдзкæнынæн. 300-йæ фылдæр кусæгимæ иумæ мисси у Евроцæдисы æнæцудгæ хæс, йæ къух бадара регионы стабилон уавæрæн. Æз райгонд дæн цæмæй снысан дæн миссийы ног къухдариуæггæнæгæй. Сараздзынæн алцыппæт, цмæй адарддæр кæнон цæстдарæг миссийы абоны бонмæ дæнцон куыст» – расидтис Эрик Хьог.
Эрик Хьог Гуырдзыстонмæ æрцæуыны онг 16 азы дæргъы куыста Данийы фæсарæн хъуыддæгты министрады, куыд дыууæфарсон – афтæ бирæфарсон ахастытыл. Евроцæдисы цæстдарæг миссийы информацийæ, уый ахста къухдариуæггæнæджы постытæ куыд Копенгагены, афтæдæр сæрмагонд бæстæйы мисситы фæсарæнты. Дипломат куыста Таллины архайæг Данийы минæварады (2001-2004), афтæдæр Мæскуыйы (2010-2012) æмæ ИНО-йы – Данийы иугæндзонархайæг миссийы (2007-2010) азты.
Евроцæдис Гуырдзыстонмæ æнæхотых гаржданон цæстдарæг миссийы рарвыста 2008 азы. Брюсселы скуыддзаг уый фæстæ растой, Францы сæрдариуæгы периоды, Евроцæдисы æхсæныбацыдæй къухбафыст куы æрцыд æхсæзпунктджын бадзырд, кæцы крон скодта августы хæст.
Миссийы приоритеттæ сты стабилизаци, нормализаци, конфликты фæрсты æхсæн æууæнкы сног кæнын. 200-ы онг цæстдарæг 24 сахатон режимæй патрул кæнынц.
Миссийы мандат хæлиу кæны Гуырдзыстоны æппæт территорийыл, фæлæ нырид 9 азы у Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны де-факто хицауадты минæвæрттæ, сæ кантролгонд территоримæ цæстдарджыты нæ уадзынц.