Гуырдзыстоны делегаци Евросоветы парламентон ассамблеймæ Уæрæсейы æрыздахыны фарста ногæй æркæсын æркурдзæн
Гуырдзыстоны делегаци Европæйы Советы парламентон ассамблеймæ Уæрæсейы делегацийы æрыздахыны фарста ногæй æркæсын æркурдзæн.
Евросоветы парламентон ассамблейыл гуырдзиаг делегацийы номæй курдиат сараздзæн Ираклий Кобахидзе.
«Уыдис нын активон консультацитæ нæ коллегæтимæ, Балтийы былы бæстæтимæ, афтæдæр Украинайы делегацийы минæвæрттимæ. Нæ пълан у уый æмæ, фарсты нысанæй сæвæрм Уырыссаг делегацийы нымадмæ райсты фарста. Уымæ гæсгæ, фарста абон хаст æрцæудзæн пленарон сессимæ. Мах иумæ бавдисдзыстæм ацы фарста. Нысаниуæгджын у, райдайæт процедурæ ацы фарстайы æркæсынæн, ныфс мæ ис æппæтыфæстаг нæ инициативæ уыдзæн æнтыстджын», – банысан кодта Ираклий Кобахидзе.
Кобахидзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, националон интерестæ фыццаджы дæр баст у Гуырдзыстоны регионты оккупациимæ, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады фарстаимæ.
Бакой уын кæндзыстæм, парламентон ассамблей, 2019 азы 25 июны, йæ фарс рахæцыд резолюцийæн, кæцы Уæрæсейы делегацийæн парламентон ассамблеймæ æрыздæхыны фадат радта.
Резолюцийы текстмæ гæсгæйæ, ассамблейы æмæ йæ оргæнты уæнгтæн хъæлæскæныны, дзырды æмæ минæварады бар урæд ма хъуамæ уа.
Евросоветы парламентон ассамблейыл хъæлæсы бар Уæрæсейы делегацийæн 2014 азы Хъырымы æнæзакъонон анексийы тыххæй байстой.