Гуырдзыстоны авиабазарыл кусын райдыдта AUSTRIAN AIRLINES
Гуырдзыстоны авиабазарыл кусын райдыдта AUSTRIAN AIRLINES

Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты Венæйæ  фыццаг  комкоммæ рейс   Австрийы  лидер авиакомпани  «Austrian Airlines» сыххæст кодта. Ног  европаг авиакомпани комкоммæ  регулярон тахтытæ  Венæ-Тбилис-Венæйы æрдæм къуырийы миæг æртæхаттон арæхадæй «Airbus A320» типы   уæлдæфон   науæй  сæххæст кæндзæн.

AUSTRIAN AIRLINES 1957 азы уыд бындурæвæрд æмæ  Lufthansa Group-ы  дæлбар компани у.  Star Alliance-ы уæнг  авиакомпани тахтытæ  55 бæстæйы 130  æрдæмадæй æххæст кæны.  Йæ флот 70 уæлдæфон  науæй  у, кæцыты фылдæры хай сты Airbus A320 типы хæдтæхджытæ.