Гуырдзыстоны  авиабазарыл кусын райдайдзæн AUSTRIAN AIRLINES
Гуырдзыстоны авиабазарыл кусын райдайдзæн AUSTRIAN AIRLINES

2024 азы 2 зæрдæвæрæнæй, Тбилисы Шота Руставелийы  номыл  æхсæнадæмон  аэропорты кусын райдайдзæн  «AUSTRIAN AIRLINES». Авиакомпани  Вена-Тбилис-Венæй æндæрмадæй комкоммæ  регулярон рейстæ   къуырийы мидæг 3 хатты сыххæст кæндзæн.

Гуырдзыстоны аэропортты  иугонды  генералон директор Ираклий Каркашадзейы  фидиуæнæй,  нырид уынæм  Евроцæдисы   уæнгтæм кандидаты  статусы фыццаг  фæстиуджытæ, кæцы  йæ къухсарызта  æнæхъæн азы  дæргъы  Австрийы  авиахаххытимæ  бадзырдты  кæронбæттæн этапы  æнтыстджынæй  фæуын.  Авиабилетты уæй  авиакомпанийы  официалон вебфарсыл (www.austrian.com) абонæй  райдыдта.

«1957 азы бындурæвæрд «AUSTRIAN AIRLINES» Австрийы   официалон  транспортацигæнæг  æмæ уый  «Lufthansa Group»-ы дæлбаркомпани у. «Star Alliance»-ы уæнг компани  тахтытæ 55 бæстæйы, 120  æрдæмадæй æххæст кæны.  Йæ  сконды 65 уæлдæфон  нау ис, кæцыты фылдæры хай сты «Airbus A320» типы  хæдтæхджытæ» -банысангонд у  Гуырдзстоны аэропортты  иугонды  информацийы.