Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты Венæйæ фыццаг комкоммæ рейс Австрийы лидер авиакомпани «Austrian Airlines» сыххæст кодта. Ног европаг авиакомпани комкоммæ регулярон тахтытæ Венæ-Тбилис-Венæйы æрдæм къуырийы миæг æртæхаттон арæхадæй «Airbus A320» типы уæлдæфон науæй сæххæст кæндзæн.
AUSTRIAN AIRLINES 1957 азы уыд бындурæвæрд æмæ Lufthansa Group-ы дæлбар компани у. Star Alliance-ы уæнг авиакомпани тахтытæ 55 бæстæйы 130 æрдæмадæй æххæст кæны. Йæ флот 70 уæлдæфон науæй у, кæцыты фылдæры хай сты Airbus A320 типы хæдтæхджытæ.