2024 азы 2 зæрдæвæрæнæй, Тбилисы Шота Руставелийы номыл æхсæнадæмон аэропорты кусын райдайдзæн «AUSTRIAN AIRLINES». Авиакомпани Вена-Тбилис-Венæй æндæрмадæй комкоммæ регулярон рейстæ къуырийы мидæг 3 хатты сыххæст кæндзæн.
Гуырдзыстоны аэропортты иугонды генералон директор Ираклий Каркашадзейы фидиуæнæй, нырид уынæм Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы фыццаг фæстиуджытæ, кæцы йæ къухсарызта æнæхъæн азы дæргъы Австрийы авиахаххытимæ бадзырдты кæронбæттæн этапы æнтыстджынæй фæуын. Авиабилетты уæй авиакомпанийы официалон вебфарсыл (www.austrian.com) абонæй райдыдта.
«1957 азы бындурæвæрд «AUSTRIAN AIRLINES» Австрийы официалон транспортацигæнæг æмæ уый «Lufthansa Group»-ы дæлбаркомпани у. «Star Alliance»-ы уæнг компани тахтытæ 55 бæстæйы, 120 æрдæмадæй æххæст кæны. Йæ сконды 65 уæлдæфон нау ис, кæцыты фылдæры хай сты «Airbus A320» типы хæдтæхджытæ» -банысангонд у Гуырдзстоны аэропортты иугонды информацийы.