Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад цæрджыты фæдзæхсы бæрзонд температурæтимæ баст тæссагдзинæдтæй
Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад цæрджыты фæдзæхсы бæрзонд температурæтимæ баст тæссагдзинæдтæй

Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад цæрджыты фæдзæхсы бæрзонд температурæйы аххосагæй æнхъæлмæкæсинаг тæссагдзинæдтæй.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны 4-æм августы онг бæрзонд уæлдæфы температурæ аххæсдзæн, иуæй-иу рæтты 38-40 градусмæ схиздзæн.

«Æнхъæлмæкæсинаг бæрзонд температурæтæ сты ахъазгæнæг фактор хъарм æмæ хъæды зынгсирвæзтыты рискъæн (тæссагдзинады æмвæзады астæуккаг)», — дзырдæуы Националон экологион агентады расидæны.