Гуырдзыстоны аэропортты æхсæз мæйы мидæг бæлццæтты къада 18 процентæй райрæзтис
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ тынгады министрады æмбæстагон авиацийы агентады бæрæггæнæнтæй, 2019 азы фыццаг æхсæз азы дæргъы, Гуырдзыстоны аэропорттæ æмтгæй райсгæйæ балæккад кодтой 2 489 823 бæлццонæн.
2018 азы аналогион периодимæ абаргæйæ, бæлццæтты къадайы рæзынад, 18.24%-æй (384 131 бæлццонæй), æрмæст 2017 азы фыццаг æмæ дыккаг кварталтимæ абаргæйæ, 54.59%-æй (879 187 бæлццонæй) райрæзтис.
2019 азы æхсæз мæйы дæргъы Гуырдзыстоны аэропортты 1 422 рейсæй фылдæр сæххæсти ивгъуыд азы фыццаг æмæ дыккаг кварталтæм абаргæйæ. Бæлццонон æмæ уæзласæн рейсты мтгæйон нымæц уыд – 12 096, уырдгæй регулярон рейсты нымæц у 10 726, æрмæст чартерты 1 370. 2018 азы аналогион периоды сæххæст рейсты нымæцимæ абаргæйæ рæзт 13.32%-мæ аххæссыд.
Европæйы уæлдæфон навигацийы æдасдзинады организацийы (EUROCONTROL) бæрæггæнæнтæй, дыккаг кварталы, Гуырдзыстоны аэропортты уæлдæфон науты стæхын-æртæхыны нымæц раззаг азы ацы периодимæ абаргæйæ, 8,1%-æй фæфылдæр. Фæнысан кæнинаг у мид тахтыты нымæцы рæзт, кæцы EUROCONTROL-ы бæрæггæнæнтæй, раззаг азы ацы периодимæ абаргæйæ 12%-æй райрæзтис.