Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад - «Рустави 2»-ы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд хъуамæ сыххæст уа рæстагæй, аполитикъонæй
Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæварад Страсбургы тæрхондон, «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ гæсгæ тæрхоныскъуыды тыххæй фидиуæн аразы.
Æмбæлон фидиуæн социалон хызаг «Фейсбукы» минæварады фарсыл æрцыд публикацигонд.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй тæрхонон уынаффæ хъуамæ сæххæст уа рæстагæй, аполитикъонæй æмæ ифтонггонд хъуамæ уа медийы хъуыдыты хъауджыдæрдзинады егъау нымæцы фадат.
«Мах лæмбынæг нæ хъус дарæм адæймаджы барты еропаг тæрхондон «Рустави 2» хъуыддагыл 18 июлы тæрхоныскъуыды алыварс сырæзт уавæрмæ. Дзырды сæрибар æмæ плюралистон медиаæрдз демократийы бындур сты. Курæг стæм, цæмæй тæрхоныскъуыд сæххæст уа рæстагæй, аполитикъонæй æмæ срæвдзæуа медийы хъуыдыты хъауджыдæрдзинады егъау нымæцы фадат.
Америкæйы Иугонд Штаттæ дарддæр кæны Гуырдзыстонæн фарс хæцын дзырды сæрибары хъахъхъæды æмæ бирæгъуызон медиаæрдзы химæ æруадзыны хъуыддаджы», – дзырдæуы минæварады фидиуæны.