Страсбургы тæрхондон пресс-релиз хæлиу кæны – Нæдæр «Гуырдзиаг Бæллиццы» коалици, æмæ æ нæдæр æндæр искæцы паддзахадон орган фæнысангонд тæрхоны процессы нæ уыдысты фарсæй
Адæймаджы барты европйæаг тæрхондон «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ гæсгæ, публикаци кæны пресс-релиз, кæцымæ гæсгæ дæр телекъаналы сæрмæмулкъимæ баст даууы тæрхонгæнджыты æнæобъективондзинад кæнæ рæстаг тæрхоны гарантиты æндæр исты хæлд не рцыд.
«Тæрхонон даууы фæстиуæгæн 2017 азы марты Гуырдзыстоны Сæйраг тæрхондон сбæлвырд кодта. Цæмæй «Рустави 2»-ы раздæры бардарæгы тыхыбын бакодтой тедлекъаналы адæттын æмæ уый цæмæй нырыккон бардарджытæ нæ уыдысты æртыккаг цæгы цæсгомджын æлхæнджытæ. Ацы процессы цыды рæстæджы, «Рустави 2»-ы коропорацион активтæ æмæ компанийы бардарджыты хæйттæ хъодыæвæрд æрцыдысты. Адæймаджы барты Европаг тæрхондонæн бавдыст хъуыддаджы, «Рустави 2»-ы нырыккон бардарджытæ бæлвырд кæнынц, цæмæй сæрмæмулкъимæ баст даууыл кусæг тæрхонгæнджытæ хъуаг сты хæдбардзинад æмæ объективондзинадæй» – дзырдæуы Страсбургы тæрхондоны пресс-релизы.
Адæймаджы барты Европæйаг тæрхондоны фидиуæнæй, «Рустави 2»-ы хъуыддагыл тæрхонгæнджыты палатæ: Æхсæз хъæлæсæй иуы ныхмæ сбæлвырд кодта, цæмæй нæ уыд адæймаджы барты конвенцийы æхсæзæм статийы фыццаг пункты (рæстаг тæрхоны бар) хæлд фыццаг инстанцийы тæрхондоны тæрхонгæнæджы æрдгæй фæнысангонд хъуыддагыл тæрхоныскъуыды райсты рæстæджы; æмхъæлæсонæй сбæлвырд ис цæмæй нæ уыд адæймаджы барты конвенцийы æхсæзæм статийы фыццаг пункты хæлд аппеляцион тæрхондоны тæрхоныскъуыд куы истой уæд; Æхсæз хъæлæсæй иуы ныхмæ сбæлвырд ис, цæмæй нæ уыдис адæймаджы барты конвенцийы æхсæзæм статийы фыццаг пункты хæлд тæрхондоны скондмæ гæсгæ, кæцы Сæйраг тæрхондоны касацион процедурæйæ иста уынаффæ.
Страсбургы тæрхондоны «Рустави2»-ы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд рахаста палатæ, кæцыйы сконды ис авд тæрхонгæнæг: Анжелика Нузберг (Германи), Йонко Грозев (Болгари), Винсент де Гаэтано (Мальта), Сиофра О’Лири (Ирланди), Мартинс Митс(латви), Летиф Гусейнов(Азербайджан), Ладно Чъантуриа (Гурыдзыстон).
Адæймаджы барты Страсбургы тæрхондон хаххгондæй нысан кæны, цæмæй зæгъгæ нæдæр коалици «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ нæдæр æндæр искæцы паддзахадон орган, нæ уыдысты хъуыддаджы æвзарыны процессы хайадисæг фарсæй, æмæ нæ уыдысты баст бардарджыты бартимæ, лæвæрд хъуыддаджы фæдыл даууы.