Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрад – Гуырдзыстоны фарс Стыр Британийы минæвармæ тыхстдзинад расидтис Иугонд Паддзахады æрдыгæй гуырдзиаг бæрнонты ныхмæ санкциты фæдыл
Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрад – Гуырдзыстоны фарс Стыр Британийы минæвармæ тыхстдзинад расидтис Иугонд Паддзахады æрдыгæй гуырдзиаг бæрнонты ныхмæ санкциты фæдыл

Иугонд Паддзахады уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны æддаг хъуыдтæгты министрады, Уорд æрсидтис. Æддаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг Мака Бочоришвили бритайнаг дипломатимæ фембæлд.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, фембæлдыл гуырдзиаг фарс тыхстдзинад раисдтис Иугонд Паддзахады æрдыгæй гуырдзиаг бæрнонты ныхмæ санкциты снысан кæныны фæдыл.

Мака Бочоришвили бамбарын кодта, цæмæй ахæм архайдтытæ зиан хæссынц дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг хæлардзинадæн.

Уымæй дарддæр ма, фæсарæн хъуыддæгты министр бахахх кодта, цæмæй Гуырдзыстоны цæугæ процесстæн объективон æмæ æнæхин аргълæвæрд сæрмагонд нысаниуæгджын у.

Фембæлды кæронбæттæны ныфс уыд, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Паддзахады æттаг хъуыдтæгты министрадты æхсæн æмкуыстдзинад позитивон динамикæмæ æрыздæхдзæн.