Стыр Британийы минæвар – нæй нæм Украинайы рагысгарæг куысты информацийы æнгæс хъусинæгтæ, ома Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсейæн æххуыс кæны санкцитæй  хиаиуварс кæныны хъуыддаджы
Стыр Британийы минæвар – нæй нæм Украинайы рагысгарæг куысты информацийы æнгæс хъусинæгтæ, ома Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсейæн æххуыс кæны санкцитæй хиаиуварс кæныны хъуыддаджы

Гуырдзыстоны  Стыр Британийы  минæвар  Марк Клейтон   хъусын кæны, цæмæй  сæм нæй  информаци, ома  Гуырдзыстоны  хицауад  Уæрæсейæн æххуыс кæны  санкциты иувæрсты ацæуын.

Сæрмагондæй та «Интерпрессньюсимæ»  интервьюйы  минæвар   дзуапп ратта  фарста, ис йæм æви нæ  Стыр Британийы рагысгарæг куыстмæ  информаци уый фæдыл,  ома  Гуырдзыстоны  хицауад  Уæрæсейæн æххуыс кæны  санкциты иувæрсты ацæуын.

«Комкоммæ  уын  ратдзынæн дзуапп – нæйы, нæй нæм» –  загъта Марк Клейтон.

Афтæма йæ  аргълæвæрдæй, гуырдзыстон йæ роль æххæст кæны  ныгуылæны æрдгæй  Уæрæсейы  ныхмæ  архайæг санкцты прецедент цæмæн нæй  ахæм пакеты  хъахъхъæныны.

«Гуырдзыстон йæ роль æххæст кæны  ацы пакеты.  Æз æрзонгæ дæн  медийы  ахæлиугонд  информациимæ æмæ спекуляцитимæ уый фæдыл,  фæлæ  афтæдæр   мæ  хъусдард раздахдзынæн  финансты  министры  куырдиатмæ.  Цы федтон, Гуырдзыстоны  Национ Банк  алцыппæт аразы, цæмæй  Гуырдзыстонæй  ма  спайда кæной  Уæрæсейы  ныхмæ  архайæг финансон санкцитæй хи аиуварс кæныны  бантæй.  Федтам æцæгдæр  выппайды архайд.  Дæнцæн «ВТБ Банк»,  санкцитæм æмбæлгæйæ,  цалдæр бонмæ æрыхгæдтой. «Гуырдзыстоны Банк»  æмæ «тибиси Банк»  Лондоны фондон биржæйыл  архайынц æмæ  алцыппæт  аразынц, цæмæй  финансон  санкцитæ  сифтонг кæной.  Æмæ фæстагмæ, хъуыддаг  базарадмæ  æмæ санкциргонд  базайраджы  арæнæвæрдтæм куы æххæссы уæд, зонын, цæмæй  финансты министрад, экономикæйы министрадимæ иумæ  æмæ уæ  таможнæйы куыстимæ, кусынц  уый тыххæй  цæмæй  ма  раирвæрза  æмæ уый фæдыл  финансты министр  дæр райхъусн кодта.  Афтæмæй, хъуыды кæнын, цæмæй мæ дзуапп у уый, цæмæй  ис  санкциты прецедент цæмæн нæй  ахæм пакет  æмæ Иугонд Паддзахад  адарддæр кæндзæн  нæ  æмцæдисонтимæ æмæ партнертимæ иумæ   хæсты тыххæй  Путинæн   прецедент цæмæн нæй  уый бæрц  хардзтæ  æвæрын.  Куыд уынын афтæмæй,  Гуырдзыстон йæ роль æххæст кæны ацы санкциты хъахъхъæды, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы  ныфс нæ ис цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад  адарддæр кæндзæн алцыппæт, цы йæ бон уый, цææмй  Гуырдзыстон ма  суа  санкцитæй хиаиуварс кæныны фæндаг» –  райхъусын кодта Марк Клейтон.