Стыр Британийы минæвар Гуырдзыстоны – гуырдзиаг адæмæн тæфæрфæс кæнæм Илья Дыккагы амæлæты фæдыл, кæцыйæн йæ хайбавæрд уыд æнæсбаргæ хæдбар Гуырдзыстоны паддзахады равзæрды
Стыр Британийы минæвар Гуырдзыстоны Гарет Уорд, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы амæлæты фæдыл хъыг сиды æмæ гуырдзиаг адæмæн тæфæрфæс кæны.
«Йæ Сыгъдæгдзинад, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, æрдæг æнусы дæргъы лæггад кодта Гуырдзыстоны монон разамонæгæй. Йæ егъау хайбавæрд æнæсбаргæ бандæвта гуырдзиаг адæмы цардыл æмæ хæдбар гуырдзиаг паддзахады рæзынадыл. Йæ бæрзонддзинад ус-паддзах Елизаветæимæ 2011 азы фембæлд уыд сæрмагонд цау нæ бæстæты æхсæн ахастыты, абон нæ арф маст æвдисæм, йæ сыгъдæгдзинады амæлæты тыххæй æмæ тæфæрфæс кæнæм Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуанæн æмæ гуырдзиаг адæмæн», -ис фыст Стыр Британийы минæвары социалон хызæгты публикацигонд расидæны.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг 17-æм марты 93 азы кары амард.