Гуырдзыстоны æмбырдгонд июны хæларадон матчы фембæлдзæн Фареры сакъадæхтимæ #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд июны хæларадон матчы фембæлдзæн Фареры сакъадæхтимæ #1TVSPORT

Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд июны хæларон матч ауадздзæн – Вилли Саньолы командæ 5-æм июны хæдзары фембæлдзæн Фареры сакъадæхтимæ – уый фæдыл Фареры сакъадæхты футболон федерацийы веб-фарс хъусын кæны, фæлæ  Гуырдзыстоны фарс ацы хабар официалонæй нырма нæ сбæлвырд кодта.

Уый уыдзæн «ДЗуардарджыты» матч ФИФА-йы æхсæнадæмон рудзынгæй (2-10 июны), цыран бал йæхи цæттæ кæндзæн Дунейы чемпионаты æвзарæн турмæ, Вилли Саньол та бафæлвардзæн ног хъазæгты сывзарын æмæ балы æрбæстон кæнын.

Гуырдзыстоны иугонд бал ацы рæстæгмæ дыууæ хатт фембæлд Фареры командæимæ – 2008 азы Европæйы чемпионаты æвзарæн туры сакъадахы цæрджытæн 6:0 хыгъдæй фæуæлахиз сты, Тбилисы та 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз сты.

Бакой уын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны æмбырдгонд Дунейы чемпионаты æвзарæн этапыл цыппаркомандæйон къордмæ бахауд, кæцыйæн йæ ныхмæлæуджытæ уыдзысты Турк, Испани æмæ Болгари. Вилли Саньолы къорд æвзарæн тур 4-æм сентябры Тбилисы Турчы ныхмæ матчæй райдайдзæн.