Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæныны фарстайы фæдыл куырдиат бавдысты æмгъуыд дыууæ азæй адарддæр уыдзæн
Гуырдзыстоны æмбæстагад сæндидзын кæныны фарстайы фæдыл куырдиаты æмгъуыд дыууæ азæй адарддæр уыдзæн. Æмбæлгæ ивдтытæ «æмбæстагады фæдыл» закъонмæ цæуынц хаст, кæцыйы инициатортæ фылдæрты уæнгтæ Бека Одишариа, Михеил Сарджвеладзе, Алуда Гъудушаури, Гиви Чъичъинадзе сты.
Закъонопроектæй бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны раздæры æмбæстæгтæн, афтæма æмбæстæгтæн, кæцытæн 2018 азы 15 августы онг нæ уыд ист уынаффæ Гуырдзыстоны æмбæстагад æндæр бæстæйы æмбæстагад райсты тыххæй фæурæды фæдыл, Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæнын кæнæ ма фесафыны куырдиат бавдисыны æмгъуыд 2022 азы 31 декабрæй 2024 азы 31 декабрмæ адарддæр уыдзæн.
Уыимæ, закъонопроектæй бæрæг кæны, ома 2022 азы 31 декабрæй 2024 азы 31 декабры онг адардæр кæны закъоны уыцы статиты архайды æмгъуыдтæ, кæцытæ бæрæг кæнынц 1993 азы онг гуырд уæнгæн Гуырдзыстоны æмбæстагад сбæрæг кæныны домæнтæ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстагад раттыны специалон уаг. Депутатты хъусинагæй, 2018 азы Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæныны куырдиат агентадмæ бавдыста 1935, æрмæст 2019 азы -2044 Гуырдзыстоны раздæры æмбæстаг.
Гуырдзыстоны æмбæстагад мафесафыны рæстæгмæ барæй та, 2018 азы спайда кодта 3120, æрмæст 2019 азы 7234 æмбæстаг. Се мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, 2020 азы Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæныны куырдиатæй агентадмæ абздæхтис 1217 Гуырдзыстоны раздæры æмбæстаг, æрмæст Гуырдзыстоны 3186 æмбæстаг, æркуырдтой Гуырдзыстоны æмбæстагад бахъахъхъæд.