Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æмбæстæгтæн дыууæ бæстæйы арæныл ахизын сæ бон уыдзæн, «Айди» картæтæй
Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æмбæстæгтæ дыууæ бæстæйы æхсæн арæныл ахизыны рæстæджы «Айди» картæтæй пайда кæндзысты. Сомихаг агентад «Ньюс Ам»-куыд хъусын кæны, афтæмæй, зæгъгæ уый фæдыл Сомихыстоны Националон Æмбырды рабадтыл депутатты фарстытæн дзуаппы рæстæджы премьер-министр, Никол Пашинян райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, Сомихыстон æмæ Гуырдзыстон æмбæлгæ пъланы фæдыл меморандум бафыстой.
«Йæ сыххæст фæстиуæгæн. Æмбæстæгтæм лæвæрд уыдзæн фадат, арæныл «айди» картæтæ бавдисгæйæ ахизой. Æрныхас кодтам ацы документы сыххæстмæ æрывналын», – райхъусын кодта Сомихыстоны премьер-министр.
Фæнысангонд бадзырдыл дыууæ бæстæ, 3-4 марты Никол Пашиняны Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы бафыстой къухтæ. Ацы афонмæ Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны арæныл ахызт, ацы дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæн æрмæст паспорт бавдисгæйæ уыд сæ бон.
Сомихаг медиа куыд фыссы, афтæмæй, зæгъгæ нырма бæрæг нæу, кæд бахиздзæн йæ тыхмæ ацы скуыддзаг.