Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон - Паддзахадтæ, кæцытæ исты типы контакттæ фидар кæнынц оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл архайæг æнæзакъонон режимтимæ, гуырымыхъхъ халынц æхсæнадæмон барады фундаментон нормæтæ
Гуырдзиаг фарс нымадмæ нæ исы Венесуэлайы президенты, Николас Мадуройы, ног мандаты легитимондзинад – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, гуырдзиаг фарс зæгъгæ нымдамæ нæ исы 21018 азы 20 майы Венесуэлайы уагъд президентон æвзæрстыты фæстиуджытæ.
«2019 азы, 10 январы Венесуэлайы плангонд «инаугурацимæ» гæсгæ фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны, цæмæй гуырдзиаг фарс афтæ куыд æппæт æхсæнадæмон æмгарад нымадмæ нæ исы Венесуэлайы президенты Николас Мадуройы ног мандаты легитимондзинад. Гуырдзиаг фарс куыд æхсæнадæмон æмгарады бæрнон уæнг, нымдамæ нæ исы 2018 азы 20 майы Венесчуэлайы уагъд президентон æвзæрстыты фæстиуджытæ, кæцы æнæрæстаг, æнæмбæрц æмæ æнæдекмокративон аууæлтты ацыдысты. Ацы контексты Гуырдзыстоны иу кæны æхсæнадæмон дзыллæ Венесуэлайы хицауадмæ цы сидт арвыста уымæ, бахъахъъхæна закъоны сæйрагдзинад æмæ нымадмæ райса легитимонæй æвзæрст националон ассамблейы мандат» – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд информацийы.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, фæсарæн хъуыддæгты министрад æнæ иу хатт сфиксир кодта йæ карз позици венесуэлайаг адæмы барты æмæ æвзæрсты сæрибары бафхæрыны фактмæ гæсгæ.
Уагдоны хъусинагæй, Гуырдзыстон разы у æхсæнадæмон æмгарады карз аргълæвæрдтимæ, Венесуэлайы цæугæ процесстæм гæсгæ æмæ фауы уыцы архæйдтытæ, кæцытæ тыхми æмæ гуманитарон кризисы сцырын кæныны æрдæм сты уагъд.
«Ацы фоныл Сухум æмæ Цхинвалы Уæрæсейы оокупацион режимты лидерты «инаугурацийы» церемонийы хайад райсын, лæккад кæны æрмæст иу рардæн, æрцæуа Абхаз æмæ Цхинвалы регионы цæугæ оккупацийы æмæ уым сæххæст этникон ныссыгъдæджы легитимаци, оккупацигонд территориты а.х. хæдбарад равдисыны фæндагæй.
Фæнысангонд æнæзакъонон архайд у æнæфæстиуæг, æхсæнадæмон æмгарад иууон у Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады æмæ оккупацигонд территориты æнæбанымады политикæйæн æнцойдарынады. Уыцы паддзахадтæ, кæцытæ исты типы контакттæ фидар кæнынц оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл архайæг æнæзакъонон режимтимæ, гуырымыххъ халынц æхсæнадæмон барады фундаментон нормæтæ æмæ принциптæ, кæцы сиды, æхсæнадæмон дзыллæйæ сæ феддæдуар кæнын æмæ сæ æппæт æхсæнадæмон æмграады æрдгæй тызмæг критикæйя бын бакæнын» – дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.