Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон - Паддзахадтæ, кæцытæ исты типы контакттæ  фидар кæнынц  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл архайæг æнæзакъонон режимтимæ,  гуырымыхъхъ халынц  æхсæнадæмон барады  фундаментон нормæтæ
Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон - Паддзахадтæ, кæцытæ исты типы контакттæ фидар кæнынц оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл архайæг æнæзакъонон режимтимæ, гуырымыхъхъ халынц æхсæнадæмон барады фундаментон нормæтæ

Гуырдзиаг  фарс  нымадмæ нæ исы  Венесуэлайы   президенты, Николас Мадуройы, ног  мандаты  легитимондзинад – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны.

Уагдоны куыд  æмбарын кæнынц  афтæмæй,    гуырдзиаг фарс зæгъгæ  нымдамæ  нæ исы  21018 азы  20 майы  Венесуэлайы  уагъд   президентон æвзæрстыты фæстиуджытæ.

«2019 азы, 10 январы  Венесуэлайы плангонд  «инаугурацимæ» гæсгæ   фæсарæн хъуыддæгты министрад   хъусын кæны,   цæмæй   гуырдзиаг  фарс  афтæ куыд  æппæт æхсæнадæмон æмгарад  нымадмæ нæ исы  Венесуэлайы   президенты  Николас Мадуройы   ног мандаты  легитимондзинад.  Гуырдзиаг фарс  куыд æхсæнадæмон æмгарады  бæрнон уæнг,  нымдамæ  нæ исы  2018  азы  20   майы  Венесчуэлайы  уагъд  президентон  æвзæрстыты  фæстиуджытæ,  кæцы   æнæрæстаг, æнæмбæрц æмæ   æнæдекмокративон   аууæлтты ацыдысты.  Ацы  контексты Гуырдзыстоны иу кæны  æхсæнадæмон дзыллæ  Венесуэлайы  хицауадмæ цы  сидт арвыста  уымæ, бахъахъъхæна закъоны  сæйрагдзинад  æмæ  нымадмæ  райса  легитимонæй æвзæрст   националон ассамблейы  мандат» –  банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты министрады  ахæлиугонд  информацийы.

Фидиуæны куыд у  банысангонд афтæмæй,   фæсарæн хъуыддæгты министрад æнæ иу  хатт сфиксир кодта  йæ карз  позици  венесуэлайаг адæмы  барты  æмæ   æвзæрсты сæрибары  бафхæрыны фактмæ   гæсгæ.

Уагдоны хъусинагæй,   Гуырдзыстон разы  у   æхсæнадæмон   æмгарады  карз   аргълæвæрдтимæ, Венесуэлайы цæугæ   процесстæм гæсгæ æмæ фауы  уыцы   архæйдтытæ,  кæцытæ  тыхми æмæ   гуманитарон  кризисы  сцырын  кæныны æрдæм сты уагъд.

«Ацы фоныл Сухум æмæ Цхинвалы  Уæрæсейы оокупацион режимты   лидерты  «инаугурацийы» церемонийы хайад райсын, лæккад кæны æрмæст  иу  рардæн,   æрцæуа  Абхаз æмæ Цхинвалы регионы   цæугæ  оккупацийы  æмæ  уым сæххæст  этникон ныссыгъдæджы  легитимаци, оккупацигонд  территориты  а.х. хæдбарад  равдисыны  фæндагæй.

Фæнысангонд  æнæзакъонон архайд у  æнæфæстиуæг,  æхсæнадæмон æмгарад  иууон у  Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады æмæ  оккупацигонд    территориты æнæбанымады  политикæйæн æнцойдарынады.  Уыцы паддзахадтæ, кæцытæ  исты типы  контакттæ  фидар кæнынц  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл архайæг  æнæзакъонон режимтимæ,  гуырымыххъ халынц  æхсæнадæмон барады  фундаментон  нормæтæ æмæ   принциптæ,   кæцы  сиды, æхсæнадæмон  дзыллæйæ  сæ  феддæдуар кæнын æмæ   сæ æппæт æхсæнадæмон æмграады æрдгæй тызмæг критикæйя бын  бакæнын» – дзырдæуы  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады фидиуæны.