Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон- оккупацигонд Абхазы «минæварадæй» цы хонынц уый байгом Сирийы у æнæзаконон уынаффæйы дарддæрдзу, кæцыйы Асады режим рахаста Уæрæсейы æркуырдæй 2018 азы
Сирийы оккупацигонд Абхазы а.х. минварады байгом у уыцы бынтон æппын æнæзакъонон уынаффæйы дарддæрдзу, кæцыйы Асады режим Уæрæейы æлхъывды фæстиуæгæн райста 2018 азы æмæ уымæй нырмадæр халы æхсæнадæмон барады фундаментон нормæтæ æмæ принциптæ», – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.
Прессæ æмæ информацийы департаменты комментарийы куыд дзырдæуы афтæмæй, ацы æнæзакъонон уынаффæйы фæстæ Гуырдзыстоны Сирийы Арабты Республикæимæ дипломативон ахастытæ аскуыдта.
«Æхсæнадæмон æмгарад æнæхъæнæй, Европæйы раздзог бæстæтæ, АИШ-æ æмæ æхсæнадæмон ороганизацитæ тызмæг бафаудтой Асады режимы æнæзаконон уынаффæ Сухум æмæ Цхинвалы Уæрæсейы оккупацион режимтимæ «дипломативон ахастытæ» цы хонынц, уыдон сфидар кæныны фæдыл. Ацы æнæлегитимон уынаффæйæ тызмæг сæхи дард айстой Сирийы оппозицион тыхтæ дæр, кæцытæ арæх арызтой уайдзæфгæнæг фдиуæнтæ æмæ иурæстæгонæй йæ фарс рахæцыдысты Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Фæлæ урнæг стæм, цæмæй иу бон, Сирийы абон архайæг æнæлегитимон режим куы нал уыдзæн æмæ бæстæ демокративон рæзынады фæндагыл слæуудзæн, ацы æнæзаконон уынаффæ дæр ногæй æркæсдзысты æмæ Сири æрыздæхдзæн суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады принципыл бындурæвæрд æхсæнадæмон барады фæлгæтмæ», – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.