Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон - Гуырдзыстон ныфсджын у, ома Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн бадзырд, æхсты æппæтмасштабонæй фæурæды фæдыл, къухаразæг уыдзæн конфликты аскуыдзагы æххæстмасштабон процессæн
Гуырдзыстон ныфс æвдисы, цæмæй Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн бадзырд, æхсты æппæтмасштабонæй фæурæды фæдыл, йæкъух сараздзæн конфликты аскуыдзагы æххæстмасштабон процессæн – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
«Гуырдзыстон дыууæ фарсы æхсæн диалогы фарс хæцы. Афтæма, æвдисæм цæттæдзинад, баххуыс кæнæм æхсæнадæмон дзыллæимæ иумæ сабырадон процесс сыххæстæн.
Уырнæг стæм, цæмæй æхсæнадæмон дзыллæйы активон тыхархайд æмæ бирæфарсон æхсæнадæмон механизмты куыст фæстиуæг æрхæсдзæн дæргъвæтин сабырад æрфидар кæнынæн, кæцы ног фадæттæ сæвзæрын кæндзæн æппæт регионæн» – хъусын кæнынц Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.