Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Алы бæлццон хъуамæ пайда кæна æдасæй балцы сæрибрæй, сæ тыхыбын бауромын æнæруадзгæ у
Бæлццæттæ иууылдæр хъуамæ спайда кæнæт æдас балцы сæрибарæй, тыхæй сæ баурæд у бынтон æнæруадзгæ, – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны, кæцы Белорусы авиакомпани «Райанэары» хæдтæхæгы тыхыбын сбадын кæнынмæ æххæссы.
«Разы стæм «Райанэары» рейсы æдас æрбадтæй йæ сæрыфыццаг нысангонд ран – Вильнюсы æмæ райгонд стæм бортыл уæвæг адæм нысангонд ранмæ кæй ныххæццæ сты. Алы бæлццон хъуамæ пайда кæна балцы сæрибарæй. Сæ тыхыбын баурæд бынтон æнæруадзгæ у», – дзырдæуы фидиуæны.
«Райанэары» хæдтæхæг Афинæтæ-Вильнюсы рейс æххæст кодта. Беклорусы уæлдæфон тыгъдадмæ бахизыны фæстæ, уыйы, бортыл рæмудзæн гарзæгы уæвыны мæнгæфсонæй тыхыбын сбадын кодтой. Хæдтæхæджы æрбадты фæстæ, бортыл уæвæг оппозиционер журналист Роман Протасевичы æрцахстой, кæцыйы Белорусы хицауад аххосджын кæны массон змæстытæ организацидзинады. Ахæлиугонд хъусинагæй, хæдтæхæгы фæдыл аэропорты онг авиакуынæггæнæг – «Миг-29» зылдис. 2 сахаты дæргъы сгæрсты фæстæ, хæдтæхæджы рæмудзæн гарзæг не ссардæуыд æмæ хæдтæхæг Вильнюсмæ атахтис.